Кæм цæрыс, уым бырон ма кæн
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайадмæ æнæзакъонæй цы бырондон сæвзæрд,уый фæдыл адæм бахъаст кодтой. Ацы хатт фæзынд Дзæуджыхъæуы. Бæлвырддæр та Леоновы номыл уынджы. Цæрджытæ мæты бацыдысты. Куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм тæссаг бынаты раз цæрын сæ бон нал у. Адæмон фронты архайджытæ хъуыддагмæ æркастысты бынаты. Ныридæгæн фæнд кæнынц сæ курдиат горæты администрацимæ бадæттын. Бæлвырддæр хабæрттæ зоны не `сфæлдыстадон къорд. Байхъусæм сæм. Авджы сæстытæ, зæронд хæдзары дзаумæттæ æмæ ма бирæ æнæхъæугæ фæлыстытæ. Ацы æнæзакъон бырондон фæзынд Дзæуджыхъæумæ ввахс. Растдæр зæгъгæйæ та Леоновы номыл уынджы, 5-æм хæдзары кæрты. Бирæуæладзыгон цæрæнуаты цæрджыты фарон æндæр къонатæм раивтой. Цалдæр мæймæ кæртæй рауад бырондон, йæ тæккæ фарсмæ сывæллæтты рæвдауæндон, афтæмæй. Спортивон фæзы дæр уæдæ, миты бынæй сæ хуыз скалдтой быроны обæуттæ. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ бынаты контейнертæ дæр нæй. Хæдзар æдзæрæг сси, ныккæлынввонгыл æй куы банымадтой, уый фæстæ. Хъæуы йæ райхалын. Уыцы хъуыддагæн Дзæуджыхъæуы администрацийы æхца нæй. Бæстыхай фехалынæн хъæуы дыууæ милуан сомы. Уый бæрц æхцайы фæрæзтæ нæй. Хæдзары уавæры тыххæй мэрийы хорз зонынц æмæ йыл кусынц. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ дæр сыгъдæгдзинадыл архайынц. Бынат фæнысан кодтой «бырæтты картæйы». Æппæтуæрæсеон фронты архайджытæй цы аразгæ у уый кæнынц цæмæй бынат цæстысындзау Дзæуджыхъæуы аив бакасты ныв мауал хала. Æппæты фылдæр аивдзинадмæ æнхъæлмæ кæсынц сыхаг хæдзæртты цæрджытæ. Адæм тæрсынц куы рахъарм уа, уæд брондоны аххосæй хæцгæ низтæ куы апарахат уой, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще