Цæгат Ирыстоны цæуы акци «Скъоламæ фæндаг»
Активисттæ се ’ргом аздæхтой, фæндаггон змæлд фылдæр кæм цæуы, уыцы уынгтæм. Сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы æмæ районты скъолаты цур фистæгæйцæуджытæн фæндаджы сæрты ахизæнтæ. Ома, ифтонг сты фæндаггон нысæнттæй æви нæ? Федтой Æрыдоны 4-æм скъолайы цур фæндаджы уавæр. Фæндаггон фыдбылызы фæстæ дзы сног кодтой фистæгцæуæн ахизæн, сæвæрдтой дзы дыууæ макеты сывæллæтты нывимæ. Адæмон фронты минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй рейдты рæстæг стыр аиппытæ не ’ссардтой. Цы хъæндзинæдтæ рабæрæг кодтой, уыдон фæнысан кодтой гæххæттыл. Ныр сыл бæрнон кусджытæ бакусдзысты. Скъоладзаутæ цæмæй фыдбылызтæй хъахъхъæд уой, уый тыххæй ис бæлвырд домæнтæ. Ахуырадон кусæндæтты цур фæндæгтæ хъуамæ ифтонг уой сæрмагонд нысантæй, сæ былгæрæттыл та æвæрынц бырутæ, цæмæй сывæллæттæн, тæссаг кæм у, уыцы рæтты фæндагмæ рацæуыны фадат ма уа. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще