Паддзахадон инспекцийы кусджытæ сидынц адæммæ, цæмæй фæндæгтыл цæугæйæ къæрхъусдæр уой

19.04.2022
Хæстæгдæр дыууæ боны республикæйы зæххы уæлцъар, гæнæн ис, æмæ асæла. Уый тыххæй хъусын кæны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны управлени. Уымæ гæсгæ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сидынц шофыртæм, цæмæй тагъдады фæтк ма халой. Уæлдайдæр райсомæй æмæ изæрæй хидтæм бацæуæнты æмæ фистæгцæуджыты ахизæнтæм хæстæг рæтты. Боныхъæды бæрæггæнæнтæм гæсгæ мартъийы кæрон температурæ æрхаудзæн. Инспектортæ шофыртæй курынц, цæмæй сæрдыгон цæлхытæ æвæрынма ма батагъд кæной. Шофыртæй уæлдай ма къæрцхъусдæр хъуамæ уой фистæгцæуджытæ дæр. Фæндаджы сæрты хизын хъæуы æрмæстдæр сæрмагонд бынæтты. Уыимæ ма æдасдзинады домæнтæ æххæстгæнгæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще