Вице-премьер Томайты Ирбегы амындæй Дзæуджыхъæуы фæндæгты æдасдзинады фæдыл арæзт къамисы æмбард
2021 азы Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл æрцыд 750 фæндаггон фыдбылызы. Уый, æндæразимæ абаргæйæ, у 3% фылдæр. Бæрæггæнæнтæ фехъусын кодтой фæндæгты æдасдзинады фæдыл арæзт къамисы æмбырды. Статистикæмæ гæсгæ, хъыгдæрд баййæфтой 1 159 адæймаджы. Уый хыгъд, чи фæмард уыдоны нымæц та 15% фæкъаддæр. Паддзахадон инспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, фистæгцæуджытимæ баст фæндаггон бæллæхты нымæцыл бафтыд. Ацы аз куы райсæм, уæд ныридæгæн æрцыд 181 ахæм аварийы. Фæцæфтæ дзы сты 246 адæймаджы. Вице-премьер Томайты Ирбеджы ныхæстæм гæсгæ, фæндæгты æдасдзинад æмæ хæрзхъæддзинад у зæрдæхсаинаг. Фарстатæ ис фæндаджы уæлцъармæ. Кæм хъæуы, уым нæй фæндаггон нысантæ. Уый тыххæй сæвзæрынц тæссаг уавæртæ. Томайты Ирбег бабар кодта аиппытыл бакусын æмæ бацæттæ кæнын сæрмагонд пълан, цæмæй хъæндзинæдтæ иуварсгонд æрцæуой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv