Æфсæйнаг дзыхъхъытæ
Дзæуджыхъæуы шофыртæ хъаст кæнынц фæндæгты уавæрæй. Хæрдмæ хауын æмæ арвыл æмбæлынæй сфæлмæцыдысты. Ныртæккæ, Хуыцау хорз, æмæ уынгтæ аразынмæ бавнæлдтой. Уый хорз у. Фæлæ хъуыддагмæ лыстæгдæр куы æркæсæм, уæд ма дзы æндæр къуылымпытæ дæр разыны. Коммуналон хызæгмæ ныххизæнты сæртæ сæхæдæг - цæттæ цæлдуртæ. Сæ фылдæр ног афсальты бын фесты, иннæтæ та йыл уæлæмæ сысчъилтæ сты. Машинæтæн ацæуыны фадат нал ис. Уæвгæ ныххизæнтæ фæндаджы бæстастæу цæмæн сты, уый дæр хицæн дзырды аккаг у. Ахæм хъæбыстæ ныххизæнтæ кæнынц, сæ уарзты уацары æнæхъæлæджы цы хæдтулгæ бахауы, уыдонæн. Æрдæгмард фæндæгтæ сæхæдæг фаг нæ уыдысты, æмæ ма сыл ныххизæнты сæртæ дæр былысчъилтæ кæнынц. Се рдæг ног асфальты бын фæци, иннæтæ та хæрдмæ сусæг кæстытæ кæнынц. Диссаг уый у æмæ фæндæгты рацарæзтæн дзуапп дæттынц иутæ, ныххизæнтæн та - æндæртæ. Кæрæдзийы куыстмæ бавналын - абабау. Ныххизæнтæ сты иртасæн, фæрсудзæн, зилæг, ис ма дзы зынгхуыссынгæнджыты, газы хæдзарады , æмæ телефонты хызæгмæ чи хауы, ахæмтæ. Алкæмæн дæр хъуамæ дзуапп дæтта хицæн куыстуат. Паддзахадон домæнтæ - дæнцæгæн. Ныххизæнты сæртæ фæндаджы уæлцъары `мвæзадæй хъуамæ 2-гай сантиметртæ уæлдæр кæнæ дæлдæр ма уой. сæртæн сæ арф æмæ бæрзæнд хъуамæ уа 2 см, къæвдадон кæуылты цæуы, уыцы æфсæн хыз та - 3 см. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы домæн халæн нæй. Фæлæ йæ куыд уынæм, афтæ ныххизæнтæн сæ фылдæр асфальты аныгъуылдысты. Фæндæгты рацарæзты фонды управленийы дзырд дæттынц, уавæрмæ лæмбынæг кæй кæсынц, уымæй. Сæ бар чи нæу, уыдоны кой скæнгæйæ акувынц ныххизæнты хицæутты рдæм. Дзæуджыхъæуы коммуналон ныххизæнтæ иууылдæр арæзт сты зæронд технологимæ гæсгæ. Сæ кæрæттæ сты бæрзонддæр, сæхæдæг та арæзт сты агуыридурæй. Ниххизæнтæ фæндаджы астæу - уый дæр раздæры замантæй баззад. Хæсты рæстæджы-иу, миййаг, бæстыхæйттæ куы ныккалдаиккой, уæд цæмæй хызæгмæ, хæтæлтæм æнцонæй бавналæн уа. Уыцы хæс æнцнæй баззад, хæдтулгæты шофыртæ та сæ райгуырæн бон æлгъитынц, цалынмæ сæ сæрты ахизынц, уæдмæ. Афтæ уыдзæн, цалынмæ ныххизæнты хицæуттæ кæрæдзимæ рацамон-бацамон кæной, уæдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv