Федералон фæндаг «Кавказ»-ы иу хай сцалцæг кæндзысты 2020 азы
Фæндаг «Кавказ»-ы йæ дæргъ 8 км кæмæн у, ахæм хай сцалцæг кæндзысты æмæ йæ фæуæрæхдæр кæндзысты 2020 азы кæронмæ. Куыстытæ бындуронæй æххæстгонд цæуынц Беслæн-Черменыхъæуы фæндагыл. Кæронмæ куы фæуой, уæд фæндаг дзуапп дæтдзæн æппæт домæнтæн дæр. Уыдзæн дзы цыппар тæлмы. Шофыртæн дзы фæзындзæн æдасдзинады æфсæйнаг барьертæ, ног фæндаггон амонæнтæ. Специалисттæ сæрмагонд гæрзтæй ныффидар кæндзысты фæндаджы фæйнæ фарс æртæ метры бæрц. Уымæй уæлдай ма фæндаджы æмрæнхъ цы доны хæтæлтæ цæуынц, уыдон дæр баивдзысты. Æдæппæтæй сты 13. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще