«Россети Цæгат Кавказ» ы кусджытæ бæрæг кæнынц электрон хызæгты куыстæн йæ хæрзхъæддзинад

18.04.2022
«Россети Цæгат Кавказ»-ы кусджытæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, цæттæ кæнынц электрон хызæгтæ зымæгмæ. 2020 азы цалцæггæнæн программæйæн рахай кодтой 2 млрд æмæ 300 мин сомы. Афæдзы ’рдæгмæ специалисттæ баххæст кодтой куыстыты 50%. Ныридæгæн базылдысты электрон тыхы телты 2 мин км фылдæрмæ. Æркастысты 20 стыр трансформаторы æмæ 1 700 дæлстанцæйы уавæрмæ. Уый руаджы электрон хызæгты куысты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, телты алыварс афойнадыл бæлæстæ æмæ къутæртæй ссыгъдæг кæнын у æппæты ахсджиагдæр. Уый руаджы электрон системæ кусдзæн æнæ къуылымпытæй. Уæлдæфон электрон тыхдæттæг линиты куыст афтæмæй æдасдæр у. Уыимæ ма, хъæдты æмæ цæрæн бынæтты зынгсирвæзтытæй къаддæр тæссаг у. Куыстытæ æххæст кæнынц афæдзы дæргъы. Фæлæ, сæ фылдæр хай конд фæцæуы уалдзыгон æмæ сæрдыгон рæстæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще