Сыгъдæг æмæ зылд

19.04.2022
Цæгат Ирыстоны цыдис акци «Ссыгъдæг кæнæм хъæд быронæй», зæгъгæ, номимæ. Дыгуры, Æрæфы, Кировы районты æмæ Дзæуджыхъæуы хъæды хæдзарæдты кусджытæ дысвæлдæхтæй бавнæлдтой къохтæ хауæддзæгтæй рафистæг кæнынмæ. Æдæппæтæй сæ фæллой кæнын бахъуыд 15 гектары фæзуатыл. Акци саразджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй хъæдтæ быроны бын фесты. Семæ ма сын сыгъдæг кæнын бахъуыд донвæдтæ æмæ фæндæгты былгæрæттæ. Уæдæ ма æнæхъæлæджы чи равзæрд, ахæм бырондæттæ дæр ссардтой. Æрдз хъахъхъæныны министрады кусджытæ цалдæр сахатмæ алыхуызон хауæддзæгтæй айдзаг кодтой 80 егъау голладжы. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ, æнæмæнг, кусын хъæуы экологон ахуырады домæнтæ парахат кæныныл. Иугай æфснайæн бонтæ хорз сты, фæлæ адæмæн сæ сæрызонды сыгъдæгдзинады домæнтæ фидар куы нæ уой, уæд хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Æгæр бирæ баисты бырондæттæ æмæ нын уый кады хос, ай-гъай, нæу. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ сыгъдæггæнджытæ сæ хъæппæрис бабастой хъæд садзыны Æппæтуæрæсейон бонимæ. Уый дæр фæбæрæг кæнынц абон, 18-æм майы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще