Дзæуджыхъæуы уынгтæ æфснайынц митæй
Зымæг нæ æрмæст хæхты нæ уадзы цух, фæлæ быдыры дæр змæнты. Æруарыд мит æмæ æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ митæфснайæн техникæ æхсæвы февнæлдта. Фæндæгтæ бабæстон кæныны тыххæй кусынмæ рацыдысты 23 машинæйы. Цæмæй фæндæгтæ бырынцъаг ма уой, уый тыххæй сыл ныппырх кодтой змис цæххимæ. Уымæн сæ бахъуыд 113 тоннæйы. Фыццаджыдæр бафснайдтой Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгты фæндæгтæ. Сыгъдæг сæ кодтой боныцъæхтæм. Ныртæккæ митæфснайæн мадзæлттæ нæма фесты, сыгъдæг кæнынц куыд къахвæндæгтæ, бордюртæ, афтæ сæ алфамблæйттæ дæр. Куыстуат «Спецэкосервис»-ы куыд зæгъынц, афтæмæй цæттæ сты районтæн дæр баххуыс кæнынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще