Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой хæдтулгæтæ давджыты
Цалынмæ иутæ дуканитæ фистæг кодтой, уæдмæ æндæр закъонхалджытæ та хæдтулгæтæ давтой. Фæлæ уыдон дæр, сæ хал ахордтой. Знаггадгæнджыты æрцахстой Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ. Хабар та сæм фæкодта Мæскуыйы облæсты цæрæг сылгоймаг. Спутничы поселоччы йын æхсæвыгон хæдзары кæртæй адавтой йæ хæдтулгæ 1 милуан æмæ 500 мин сомы аргъ чи у, ахæм «Тойота Камри». Сылгоймагæн, йæ хæдтулгæ хæдзары кæрты нал ис, уый сбæрæг кодта райсомæй рудзынгæй куы ракаст, уæд. Пъæлицæйæгтæ цырд фæлæууыдысты, сарæзтой сæрмагонд басгæрст, æрфарстой адæмы. Давджыты цалдæр сахатмæ рабæрæг кодтой. Иу дзы разынд Дзæуджыхъæуæй, иннæ та сыхаг республикæйы, 28 аздзыд цæрæг. Дыууæйæ дæр сæ аххосыл басастысты. Куыд радзырдтой, афтæмæй хæдтулгæ фæнд кодтой ауæй кæнын æмæ афтæмæй æхца бакусын. Ныртæккæ закъонхалджыты ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг 158 статьямæ гæсгæ. Пъæлицæйы кусджытæ иу хатт ма сидынц Дзæуджыхъæуы цæрджытæм, цæмæй уой къæрцхъусдæр, сæ мулк хъахъхъæной æмæ сæ хæдтулгæтæ æвæгæсæй ма уадзой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще