Дзæуджыхъæуы фæндаггон-патрулон службæйы хицæн батальон аразы профилактикон рейдтæ. HD
Дзæуджыхъæуы фæндаггон-патрулон службæйы хицæн батальон аразы профилактикон рейдтæ. Уромынц хæдтулгæйы рудзгуытæ æгæр тар кæмæн сты, уыцы шофырты. Бирæтæн дзы се `вгтæ фаг рухс нæ уадзынц таможнæйы цæдисы техникон регламенты домæнтæм гæсгæ. Дзæуджыхъæуы административон æгъдауæй бафхæрдтой 1514 шофыры. Бæрнондæр хæдтулгæты хицæуттæ бынаты айстой рудзгуыты уæлцъар. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, барадхæлды фæдыл ивар кæнынц 500 сомæй мин сомы онг. Гæнæн ис, æмæ шофыры 15 суткæмæ дæр сбадын кæной. Инспектортæ ма иу хатт сидынц шофыртæм, æгæр тар рудзгуыты аххосæй арæх фæндаггон фыдбылызтæ кæй æрцæуы. Алчи хъуамæ канд йæхиуыл нæ, фæлæ фæндаджы иннæ змæлджытыл дæр хъуыды кæна. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv