Мæздæджы бирæфатерон хæдзæртты рацарæзт

19.04.2022
Бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæг гæнæн ис нысангонд æмгъыдæй раздæр скæнын. Уый хæдзары цæрджытæй сæхицæй кæнгæ у. Фыццаджыдæр уал хъæуы капиталон рацарæзты хæстæ бафидын. Фиддонты иумæйаг бæрæггæнæнтæ 80 процентæй къаддæр хъуамæ ма уой. Уыцы хыгъды, раззагдæрты хсæн ис Мæздæг. Уый тыххæй сæм бирæфатерон хæдзæртты рацарæзт цæуы фæткмæ гæсгæ, æнæ къуылымпытæй. Бындурон цалцæджы фиддонтæ 80% фылдæр æххæстгонд сты. Мæздæг республикæйы районтæй хуыздæрыл нымад у. Уымæ гæсгæ ам бирæуæладзыгон хæдзæртты цалцæгæнæн куыстытæ æнæ къуылымпытæй цæуынц. «Мах бындурон цалцæджы фиддонтæ бæстонæй баххæст кæнæм. Æнхъæл дæр нæ уыдыстæм хæдзары сæр нын ногæй раивдзысты, уый. Тынг æхсызгон нын уыд. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды райсомæй изæрмæ ам цы фæсивæд фыдæбон кодта, уыдонæн», - Мæздæджы цæрæг Сергей Работкин. Ацы аз Мæздæджы районы сцалцæг кæндзысты 10 бирæуæладзыгон хæдзары. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц районы сæйраг горæты. Объекттæ сæ фылдæр срæвдз сты. Куыстытæ фæнд кæнынц баххæст кæнын, цалынмæ боныхъæд фадат дæтты, уæдмæ. Ахсджиаг хъуыддаг у бирæфатерон хæдзæртты коммуналон системæ сног кæнын. Уыимæ кæд лыстæг къуылымпытæ фæзыны, уæддæр профилон службæтæ сæ куыст скæнынцц. Мæздæджы, мидæггаг хæтæлтæ кæм сцалцæг кæндзысты, ахæм хæдзæрттæ 7 сты. Ногæй дзы раивдзысты хæдзæртты сæртæ дæр. Æппæт куыстытæн рахай кодтой 36 милуан сомы. Арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Куыстыты фылдæр хай районы баххæст кодтой. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæйрагдæр у арæзтадон куыстытæ фæуын, цалынмæ зымæджы уазæлттæ нæ ракодтой, уæдмæ. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще