Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны!
Ныртæккæ цы кадртæ фендзыстут, уыдон та апарахат сты социалон хызты. Ахæм нывтæ фенæн ис ныртæккæ нæ бæстæйы алы рæтты дæр. Ног азы бæрæгбон фæци, салаттæ хæрд фесты, фæлладуадзæн бонтæ кæронмæ æрхæццæ сты. Уæдæ бæрæгбоны фидауц кæй хонынц - заз бæлæстæ - уыдонæн дæр сæ хурхытыл бахæцыны афон æрцыд. Æмæ сын хæцгæ дæр кæнынц. Чи нал хъæуы, уыцы заз бæлæстæ кæритæй бырæтты хай баисты. Бæргæ, ацы бæлæстæ адæмы хæдзæртты фылдæр куы фидыдтаиккой æмæ дзы тæмæнтæ ноджы дæргъвæтиндæр рæстæг куы калдтаиккой. Фæлæ сæ ахæм амонд нал фæцис. Æмæ ма канд, кæй балхæдтой, уыцы бæлæстыл куы цæуид ныхас. Сæ хал сын ахæрынц, мингæйттæй кæй ныццæгъдынц, фæлæ сæ хихтыл ног азы хъазæнтæ афтæ дæр кæмæн не сфидауынц, уыцы бæлæстæ дæр. Уæйгæнджыты кæрæфдзинады аххосæй ныр быроны дæлбылы хай фесты. Афтæмæй ацы аз æлхæнджытæ хъаст кодтой, бæлæстæ раст сызгъæрин къалиуты аргъæй кæй уæй кодтой, ууыл. Фæлæ цал заз бæласы арвыстой ацы аз бырондонмæ, уал сомы схауд сæ дзыппæй дæр. Бæлæстæ дзурын куы зониккой, уæд сæ додойаг хъысмæтæй уæйгæнджыты цæсгæмттæ дæр, æвæццæгæн, ссудзиккой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще