Цæмæ дон нæ цæуы?

20.04.2022
Алагиры УЗК–йы цæрджытæ ныр цалдæр азы тыхсынц, нуазыны дон сæм æмбæлгæ хуызы кæй нæ цæуы, уымæй. Адæм хъизæмар кæнынц, нæй сын æрвылбоны цардыуагæн цавæртæ. Бынатмæ ацыд не сфæлдыстадон къорд. Дон нуазынмæ æрбацыдтан. Адæймаг фæмæлы. Цæмæй дон бануаза, уый тыххæй Томайты Ленæйы къранты цур дзæвгар алæууын бахъæуы. Абон иучысыл уæддæр цæуы. Фæлæ дзы фылдæр хатт тæдзгæ дæр нæ фæкæны. Куыд загъы, афтæмæй æнæ донæй къустæ дæр на ныхсдзынæ, хæдзары куыстытæй дæр ницы бакæндзынæ. Хæринаг скæныны кой та дзы уæвгæ дæр нæй. Хæдзары `фсин Ленæ хъаст кæны: бинойнæгтæ сты 9 адæймаджы æмæ сæм куыд зила, куыд сæ бафсада, уымæн ницы `мбары. Сæхи ныхсыны фадат дæр сын нæй. Сæрдыгон ма адæймаг доны былмæ дæр ауайдзæн, фæлæ зымæгон цæугæдон кæм ссардзынæ?! «Мæнæ йæ афтæ æлхæнæм, цæмæй нæ сывæллæттæ чъизи дон ма нуазой уый тыххæй.…», – УЗК-йы цæрæг Томайты Ленæ загъта. Раст незаманты рæстæджыты хуызæн, алы хæдзарæй сылгоймæгтæ донмæ рараст вæййынц. Чи йæ Бирæгъзæнгæй ласы, чи Бызæй. Ахæмтæ дзы ис, æмæ дон дуканийы дæр æлхæнынц. Уæдæ цы кæной! Алы райсом æй пецыл хъарм кæнынц æмæ куыддæртæй сæхи сыгъдæг дарынц. Хистæртæн ницы у, фæлæ ма хæдзары ис гыццыл сывæллæттæ дæр. Къуымтæ ведратæ æмæ æндæр ахæм пластикон бæрцуæттæй байдзаг кодтой. «Алы раттæм цæуæм. Мæнæ нæ кæстæртæ, Хуыцау хорз æмæ сæм машинæтæ ис. Куы æлхæнгæ кæнæм, куыд ...», – Томайты Ленæ загъта дæр. Донцух æрмæст Юбилейныйы уынджы цæрджыты не сты. Стæй иу боны фарста нæу. 17 азы УЗК-йы цæрджыты хæдзартты дон куыд æмбæлы, афтæ нæма ракалд. Зæххы бын цы доны хæтæлтæ ис, уыдон раджы сызгæ сты æмæ алырдыгæй тæдзынц. Кæм ратыдта, уый дæр бæрæг у - дон йæхицæн зæххы бын фæндаг скодта æмæ кæлы... Æрмæст цæрæн хæдзæрттæм нæ, фæлæ кæдæмдæр. Адæм ын цæмæн фидынц, уый бæрæг нæй. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады кусджыты дзуапп дисы `фтауы! Иннæ рæттæй цы дон ласут, уый, дам, нæ хардз кæнут?! «Дон нæм ракæлы 11 – 12 сахатыл æхсæвæй. Уыцы афон сывæллæты куыд æхсæм... Скъолама нæ цæуын хъæуы, райсомæй та нын стгæ дæр нæ кæнынц», – загъта УЗК-йы цæрæг Тедеты Аленæ. «Роспотребнадзор»-ы специалисттæ сын зæрдæ бавæрдтой, хъуыддагмæ сæ хъус кæй фæдардзысты уымæй. Абон дæр уыцы хъус цы фæндагыл ис, уый зын зæгъæн у... Сæдæгæй фыстæджытæ фыссынц адæм, дзуаппытæ дæр сын дæттынц... Фæлæ дзы иу бæлвырд хъуыды нæй. Дон нæ ракалд, адæм мæстæй тонынц. Районы администраци æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады кусджыты ныхæстæм гæсгæ аххосджын адæм сæхæдæг сты. Ома, сæрдыгон дон парахатæй калынц цæхæрадæттæм. Зымæджы та сæ кърæнттæ гомæй наууадзынц, цæмæй хæтæлты ма ныссæла, уый тыххæй. Алагиры районы администрацийы нын куыд радзырдтой, афтæмæй бацæттæ кодтой проект, ис сæм бæлвырд куысты пълан дæр… Фæлæ, арæх куыд вæййы – йæ сæххæст кæнынæн æхца нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще