Рахизфарсы районы кæронмæ фæхæццæ кæнынц нартхор æфснайæн куыстытæ

17.04.2022
Цæгат Ирыстоны быдырты куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Республикæйы аграрон кусджытæ тыллӕг æмбырд кæнынц. Нартхор кæддæриддæр нымад уыд быдыры паддзахыл. Уымæ гæсгæ йын Ирыстоны дӕр, сыхаг регионты дӕр уæлдай кад кæнынц. Хъæууон-хæдзарады кусджытæ бацархайдтой нартхоры куыст кæнынæн сæрмагонд системæйыл. Равзӕрстой, алыхуызон æрдзон уавæтæн фæразон чи уа, нартхоры ахӕм мыггаг. Ныр аграрийтæн сæ куыст къуылымпы кӕны. Уый низы аххосæй. Ам, Фарны хъæуы быдырты, зæлы йæхи симфони. Иуварсӕй кусæг техникæйы хъӕр цӕуы: нартхор згъалы æмæ йæ уæзласæн машинæйы гуыффӕмӕ калы. Æмткæй райсгæйæ, дзы бацæуы 30 тоннӕмæ хæстæг. 7 тоннӕйы - иу гектарæй. Ахæм æнтыстдзинæдтæ бафтыд агрофирма «Фарн»-ы къухы. Уый ӕрмӕст ацы аз. 600 гектарæн йæ фылдæр хай ныридæгæн бафснæйдтой. Баззад ма дзы 130 гектары. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ хъæууон-хæдзарадон кусджытæн стыр æххуыс у нырыккон техникæ. Йæ размæвæрд хæстæ æххæст кæны хорз æмæ тагъд. Ам фыццаг аз нæ садзынц нартхоры хуызтæй иу, Пионер, зæгъгæ. Ӕмӕ хуымæтæджы нæ: ацы нартхоры мыггаг æрдзон уавæртæн у фæразон. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ратты хӕрзхъӕд ӕмӕ хъæздыг тыллæг, донцух куы вæййынц, уæддæр. Уый фæрцы наротхоры дзенкъортæ сцæттæ вæййынц. Хуссайраг нартхор донуарзæгой культурæ у. Дзырдæн зæгъæм, 1 æфсирæн йæ ныссадзынæй йе сцæттæмӕ бахъæуы 200 литры дон. Æмткæй райсгæйæ та, 70 мин. æфсирæн бахъæуы 14 мин тоннӕйы дон. Уымæ гæсгæ быдыртӕн къæвдатæ тынг ахсджиаг вӕййынц.Рахизфарсы районы нартхор ныссагътой 18 мин гектары фæзуатыл. Уыдонæй 5 мин гектары ныридæгæн бафснæйдтой. Куыстытæ фæкъуылымпы сты, боныхъæд кæй февзæр, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ æппæт тыллæг афойнадыл æфснайд не`рцыд. Нартхорæй уæлдай ма, Рахизфарсы районы садзынц уалдзыгæндтӕ æмæ фæззыгон культурæтæ. Агропромышленон комплекс, иннæ къабæзтæу, пандемийӕйы рæстæг цæвæрдæр цæлхдуртимæ сæмбæлд. Фæлæ, кæд хъæууон-хæдзарадон куыстуæттæ зын уавæрты кусынц, уæддæр хор цухӕй нæ уадзынц нæ республикæ дӕр, фæсайрæйнаг бæстæтæ дæр. Хоры нӕмгуытӕ хæццæ кæнынц Иран, Турк æмæ Сомихмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще