Тагъд скъоламæ

20.04.2022
Сæрд кæронмæ фæхæццæ кæны æмæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты скъоламæ барæвдз кæныны тыххæй ратæх-батæх систой. Иууыл хуыздæр уæлæдарæс æмæ ахуырмæ хъæугæ дзаумæттæ балхæнын кæд алкæй дæр фæнды, уæддæр сæ балхæнын бирæты бон нæу. Уый та уымæн, æмæ азæй-азмæ æргътæ фæуæлдæр вæййынц. Дуканитæм абалц кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Бафæндыд нæ, ахуырдзауы скъоламæ бацæттæ кæнынæн æппынкъаддæр цас бахъæудзæн, уый раиртасын. Скъоламæ æппæт хъæугæ дзаумæтты хыгъдмæ цы хауы, уыдон балхæнынæн ныййарджыты сæ дзыппытæ дзæвгар бахъæудзæн рафæлдахын. Зæгъæм, ахуырмæ цæуæн уæлæдарæс. Дуканиты æмæ базарты алыхуызæттæ сты: куыд аргъмæ, афтæ сæ хъуымацмæ гæсгæ дæр. Æхца дæм уæд, æндæр цы балхæнай, уый ссардзын. Хистæр кълæсты ахуырдзауты уæлæдарæс иучысыл зынаргъдæр у. Лæппуйæн, зæгъæм, 3500-æй – уæлæдарæс, 800 сомæй – хæдон. Уый тæккæ къаддæр аргъ у. Козаты Сосланæн ис 4 сывæллоны. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз у. Фæлæ скъоламæ цæттæ кæныны рæстæг нæлгоймагæн йæ сæр йæ кой свæййы. Чи загъта, æмæ цыппар скъоладзауы барæвдз кæнын æнцон у? Уæвгæ, Сослан куыд зæгъы, афтæмæй йын уыцы хæс æхсызгон вæййы. Архайы, цæмæй йæ цот алцæмæй дæр æххæст уой. Йæ дзыппыл нал фæауæрды. Ахуырæн хъæугæ æндæр æрмæджытæ къаддæр æхца нæ ассивдзысты ныййарджыты æвæрæнтæй. Фыссæн гæрзтæ, тетрæдтæ, чингуытæ æмæ æндæртæ. Уыйбæрц лыстæг хабæрттæ дзы ис, æмæ сæхæдæг хицæн ныхасы аккаг бавæййынц. Æхцайæ нымайгæйæ дæр уæдæ чысыл нæ вæййы – æппынкъаддæр 4000 мин сомы. Ныййарджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй цæстыфæныкъуылдмæ чыссæ раафтид вæййы. Фæлæ гæнæн нæй, фæразын хъæуы – алчи йæ бындарæн, хæрзхъæддзинады домæнтæм дзуапп чи дæтты, ахæм продукци агуры. Уæйгæнджыты `хсæн ерыс кæй бацайдагъ вæййы, уый руаджы бирæ хатт æргътæ фæныллæг вæййынц. Иуыл ахсджиагдæр дзаума – пъартфел. Балхæнæн æй ис 2 мин сомæй уæлæмæ аргъæй. Фæлæ специалисттæ æндæр дзырд нæ кæнынц, сæйраг йæ аргъ нæу. Фыццаджыдæр уæсын хъæуы, сывæллоны æнæниздзинадыл куыд ахаддзæн, уымæ. Еленæ Придонянц: «Йæ фæсæттæ хъуамæ уой дамгъæ "Х"-йы хуызæн, афтæмæй сывæллонмæ сколиоз нæ фæзындзæн. Хъуамæ фæсæттæ дæр улæфой,Тæвд куы уа, уæд хъуамæ сывæллон хид ма кæна. Пъартфелы хæцæнтæ – 5 сантиметрæй 8 сантиметры онг. Нарæгдæр куы уой, уæд уæхсчытыл фылдæр уæз цæудзæн, афтæмæй сывæллон фæрисдзæн. Стæй ма ныртæккæ аслам æмæ зынаргъ пъартфелтæн дæр ис æхсæвыгон скъоладзаутæ бæрæг куыд дарой æмæ сæ шофыртæ куыд уыной, ахæм нысæнттæ». Æмтгæй райсгæйæ 1-4 кълæсты ахуырдзауы скъоламæ бацæттæ кæнынæн бахъæуы æппын къаддæр 10000. Уый рæстæмбис нымадæй. Фæстауæрцгæнæн ис куыд уæлæдарæс æлхæнгæйæ, афтæ канцелярон дзауматыл дæр. Сæйрагдæр та – сæ хæрзхъæддзинад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще