Иумæйаг паддзахадон фæлварæны уæлæмхасæн дæттыны рæстæг кæронмæ æрхæццæ

19.04.2022
Иумæйаг паддзахадон фæлварæны уæлæмхасæн дæттыны рæстæг кæронмæ æрхæццæ. Абон уæлæмхасæн бон иумæйаг паддзахадон фæлварæн лæвæрдтой математикæ æмæ уырыссаг æвзагæй. Æдæппæтæй фæлварæны архайдтой 35 адæймаджы. Уыдонæй 7-æй лæвæрдтой уырыссаг æвзаг, 28-æй та математикæ. Фæлварæн раттынмæ снысан кодтой иу пункт- Дзæуджыхъæуы 47-æм скъола. Бæстыхай ифтонггонд уыд видеоцæстдарды камерæтæй. Фæлварæн куыд цыд, уымæ сæ хъус дардтой Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрады минæвæрттæ, федералон цæстдарджытæ. Фæлварæн ацыд фæткмæ гæсгæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Иумæйаг паддзахадон фæлварæнты уæлæмхасæн рæстæг уыд 3-æм сентябрæй 20-æммæ. Сентябры фæлварæн раттыны бар уыд, 11 къласы ахуырдзаутæй æвдисæндар æмæ æнæмæнг дæттинаг предметтæй æвзæр бæрæггæнæн чи райста, уыдонæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще