Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны управлени архайы «Мои безопасные каникулы» акцийы

18.04.2022
«Мои безопасные каникулы», зæгъгæ, акци æххæст кæнын райдыдтой Цæгат Ирыстоны. Мадзал расидтис Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад. Фыццæгæмæй фæндзæм июньмæ ирвæзынгæнджытæ, студентты æппæтуæрæсеон корпусы бархионтимæ æмгуыстгæнгæйæ, араздзысты алыхуызон ахуырадон мадзæлттæ. Фыццаг хæслæвæрд - бæндæн хиды сæрты хизгæйæ цы къуылымпыдзинæдтæ æвзæра, уыдоны сæрты æнтыстджынæй ахизын. Ноджы-ма равдисын асинтæ, тарзанкæ, хъеллаугæнæнтæ æмæ лианæтыл хизыны арæхстдзинæдтæ. Ахæм бынæттæ ам æдæппæтæй сты æртæ. Дыккаг къæпхæн та - фыццаг медицинон æххуыс бакæныны сæйраг домæнтæ зонын. Ирвæзынгæнджыты студентты æппæтуæрæсеон корпусы бархионтæ сæ кæстæртæн радзырдтой, фыдбылыз кæуыл æрцыд, уыдонæн сæ уавæр фенцондæр кæнынæн цавæр мадзæлттæй ис спайда кæнæн, цалынмæ тагъд медицинон æххуысы кусджыты цæуой. уæдмæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны управленийы фæлтæрдджын ирвæзынгæнæг Дмитрий Хевсоков уазджыты зæрдыл æрлæууын кодта, æрдзы хъæбысы балцыты рæстæг хи куыд даргæ у, стæй æдасдзинады цавæр домæнтæй æххæст кæнын хъæуы. Семæ ногæй æрдзырдта, фæдзæгъæл уæвгæйæ, цы кæнын хъæуы, уый тыххæй дæр. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны управленийы куыд загътой, афтæмæй ацы акцийы фæлгæты ма бацæттæ кодтой ноджы цымыдисаг мадзæлттæ. Сæ кæцыдæр хай дзы æххæстгонд æрцæудзысты нæ республикæйы доны станцæты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео