Хæслæвæрдтæ районты хицауадæн
Æххæстгæнæг хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады органтæ æмгуыст куы нæ кæной, уæд хъæуты æмæ районты цæрджыты лыггæнинаг фарстатæ дæр никæмæ хæццæ кæндзысты. Нæ сыл цæудзæн æмбæлгæ куыст дæр. Ацы æмæ æндæр фарстатыл æрдзырдтой абон республикæйы æмæ районты хицауады иумæйаг æмбырды. Цавæр хæстæ сæвæрдта Битарты Вячеслав районты сæргълæуджыты размæ, уый та зоны нæ уацхæссæг Биджелты Бертæ. Зæхх нæ мад у, зæгъгæ, куы фæзæгъынц, уæд йæ бырон зæххмæ чи ’ппары, уыдоны куыд схонæн ис, цымæ? Майрæмададжы æмæ Дзуарыхъæу æнæзакъон бырондæттæй байдзаг сты. Црауы æмæ Алагиры æмæ дæр дзы фаг ис. Уæдæ Дзæуджыхъæуы та Пожарскийы уынг быроны бын фæци. Сыгъдæгдзинады фарстатыл абон ныхас кодтой хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады æххæстгæнæг органты æмгуыстадыл кæм дзырдтой, уыцы æмбырды. «Нæ республикæ хъуамæ уа æппæтæй сыгъдæгдæр!» - загъта Битарты Вячеслав æмæ бауынаффæ кодта, цæмæй горæты уынгтæ алы райсом дæр 7 сахатмæ уой æфснайд. Республикæ сыгъдæг кæныны зиутæ та хъуамæ сног кæной уалдзæджы. Æмбырды æрныхас кодтой адæмы царды лыггæнинаг фарстатыл. Æрæфы æмæ Алагиры районты цалдæр скъолайы ахуыргæнджытæн декабры мызд нæ бафыстой. Нæ республикæйы сæргълæууæг районты разамонджытæн бахæс кодта хæстæгдæр рæстæг фарста алыг кæнын. Æркастысты адæмы курдиæттæм дæр. Хохы Карцайы цæрджытæ бахъаст кодтой, дохтыр сæм кæй нæй, уымæй. Хъæуы фæндаг та рагæй аразинаг у, фæлæ йæм никæй къухтæ хæццæ кæнынц. Ныры технологон дуджы адæмы бон нæу чырæ бастдзинадæй пайда кæнын. Республикæйы бирæ рæвдауæндæтты æмæ кæцыдæр скъолаты нæй спортивон фæзтæ, сæ кæртыты æмæ уынджы нæй рухс, хъæуты нæй фельдшерон пункттæ. Битарты Вячеслав бабар кодта, цæмæй цыбыр рæстæгмæ ацы фарстатæ лыггонд æрцæуой. Афтæ Карцайы фæндагмæ уал базилдзысты, иннæ аз та йæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты. Къуыри дыууæ хатты та Алагиры рынчындонæй хъæумæ цæудзæн дохтыр. Æмбырды ма дзырдтой, хъæууон хæдзарадон зæххыты хаццонты æргътæ кæй фæфылдæр сты, ууыл. Ног фæткмæ гæсгæ, арендатортæй чи нæ фиды, уыдоны зæххытæ дæтдзысты æндæртæн. Битарты Вячеслав ма бабар кодта Мæздæджы сидзæр сывæллæтты кæй асайдтой, уыцы хъуыддаджы аххосджын чи у, уый закъонмæ гæсгæ бафхæрын. Куыд рабæрæг, афтæмæй гæххæттытæм гæсгæ сывæллæттæн фатертæ балхæдтой 1 милуан 300 сомæй, се ` цæг аргъ уыд 800 сомы. Ской ма кодтой зæххытæ куыд уарынц, уымæ æмбæлгæ каст кæй нæй, стæй сæ кæй ныкъаппа-къуппа кæнынц, ууыл. Нæ республикæйы сæргълæууæг бабар кодта, аххосджынты сбæрæг кæнын æмæ зæххытæ дих кæныны сæрмагонд къамис саразын. Биджелты Бертæ, Суанты Алан, Ирыстоны хабæрттæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще