Фермертæн - æппæт фадæттæ

20.04.2022
Нæ республикæйы фермертæ ацы аз сæ хæдзарæдты рæзтæн райстой 100 милуан сомы. Ныридæгæн сæ бирæтæ, куыд æмбæлы, афтæ хардз кæнын райдыдтой. Зæгъæм, Советскийы поселочы цæрæг Айдарты Хъазыбег бавнæлдта йæ фермæ фестырдæр кæнынмæ. Йæ авналæнтæ хъуамæ фæуæрæхдæр уой. Фæлхасгæнджыты зæрдæхудты йæ нæ фæнды цæуын. Уымæн æмæ дыууæ азы нæ республикæйы базартæм ласы хæрзхъæд дзидза. Айдарты Хъазыбег йæ гыццылæй бахъуыды кодта - фыццаг хуры тынтимæ чи сысты, уымæн йæ къухы фылдæр бафты. Уымæн Хуыцау дæр æххуысгæнæг вæййы. Боны цъæхты Хъазыбег йæ фермæ æфснайын райдайы, йæ стурвосæн бахæрын кæны, фæлæ уал сын раздæр сцæттæ кæны, куыд аходæн, афтæ æхсæвæр дæр. Дон дæр сын ныккæны. Боны дæргъы æнцад не рбады. Æххуысгæнджытæ дæр ын ис. Бинонтæ иууылдæр, хистæрæй-кæстæрæй архайынц фермæ йæ къæхтыл слæууын кæныныл. æмæ æ рæзтыл бакусыныл. Æрæджы та Айдарты бинонтæ райдыдтой дзидзайы куыст кæнын дæр. Схæссынц уæныгтæ. Сæ чысыл фермæйыл дыууæ азы йеддæмæ нæ цæуы, фæлæ ныридæгæй дæр йæ пайда бæрæг у. Куыст размæ цæуы. Бинонтæ дуканитæм ласынц стуры дзидза. Ныридæгæн дæр сæ бирæтæ базыдтой. Фæлхасгæнджыты зæрдæмæ сæ продукцийы хъæрхъæддзинад фæцыд. Фермер куыд зæгъы, афтæмæй, уæныг схæссынæн афæдз æмæ рдæгæй къаддæр нæ бахъæуы. Бинонтæ та афтæ сæрæн сты æмæ иу хаттæн 10 уæныджы схæссынц. Нырма уал бирæ не сты. Бинонты фæнды фермæ фестырдæр кæнын. Ныр та уал сæ пайдайаг архайд размæ цæуы паддзахады æххуысы фæрцы. Амалхъом адæм райстой гранд. Хъазыбег нын куыд радзырдта, афтæмæй, фермæ фестырдæр кæнынæн зæхх дæр бирæ нæй. Бинонтæм ма ис æрмæстдæр иу чысыл цæхæрадон. Æмбарынц æй, цæмæй куыстуат куыд сæ фæнды афтæ скуса, уый тыххæй гыццыл рæстæг нæ бахъуæдзæн. Уæдæ кусын дæр уæлдай фылдæр бахъæудзæн. Айдарты бинонтæм ис фидæнмæ нысантæ. Сæ сæйрагдæр - фермæйы рæзтыл бакуысын .Фермерты ма фæнды хъомтæ балхæнын, цæмæй ма дзидзайæ уæлдай, кæной æхсыры продукттæ дæр. Фæлæ сын ахæм гæнæнтæ нырма нæй. Фæлæ сæ фидарæй уырны тагъд рæстæджы уый дæр сæ къухы кæй бафтдзæн,уый. Уый тыххæй æмæ сæ куыст уарзынц, зивæг та нæ кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще