Ахуырадæн - фадæттæ
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй нæ бæстæйы æххæстгонд цæуы проект «Ног скъола». Цæгат Ирыстоны йæ куыд парахат кæныц, уымæ йæ цæст дары Бекъойты Эльбрус. Абон партийы уæнгтæ ахуырады фарстаты фæдыл сарæзтой æмбырд. Ахуырады министр Азымты Иринæ байхъуыста, скъолаты агъоммæйы ахуыргæнæндæттæ цы зындзинæдтимæ æмбæлынц, уыдонмæ. Ныртæккæ скъолатæ хъуамæ ног хуызы кусой, парахатæй пайда кæной ног технологитæй æмæ методикæтæй. Уæлдай æргом та хъæуы хъæуккаг скъолатæм аздахын. Хъæуты сывæллæттæ хъуамæ ахуыр кæной иннæты æмхуызон æмæ цауддæр ма уой. Æркæсинаг у ахуыргæнджыты цæттæдзинад дæр. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, сын сæ фæлтæрддзинадмæ бæстондæр æркæсын хъæуы. Афтæмæй сывæллæттæн дæттдзысты арфдæр зонындзинæдтæ, фæсурокты куыст дæр фæахадгæдæр уыдзæн. Рæвдауæндæтты хъомылгæнджытыл дзургæйæ æнæбафиппайгæ нæй, семæ æнгом куыст кæй цæуы. Фарон сын сарæзтой 2 сессиийы. Æххуыс сын кæнынц методикон, цæстуынгæ æмæ дидактикон æрмæджытæй. Æхсызгон у, фæстаг азты сывæллæтты нымæй кæй фæфылдæр, уый дæр. Се `ппæтмæ дæр цæстдард цæмæй уа, уый тыххæй хæстæгдæр рæстæджы байгом кæндзысты 4 рæвдауæндоны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv