Знагæн-цæф!
Стыр æфсæддон ахуыртæ абон сарæзтой Тарскæйы полигоны. Цæуынц къуырийæ фылдæр. 58-æм æфсады мин æфсæддонæй фылдæр ахуыр кæнынц знагæн ныхкъуырд дæттыныл. Нæ уацхæсджытæ араст сты ахуыртæм сæхи цæстæй бакæсынмæ. Се `рмæг эфирмæ цæттæ у æмæ йæм бакæсæм. Сæумæрайсом æфсæддон ахуыртæ райдыдтой полигоны. Танкты батальон йæ бынат бацахста æмæ ныр тох кæныныл схæцыд. Йæ ныхмæлæууæг у мотоæхсæг батальон. Гæрзифтонг сты æфсæддон хæдтулгæт БМП-тæй. Хæцæнгарзæй сæм ис - 100 миллиметрон дамбацатæ æмæ танкты ныхмæ ракетæтæ. Виталий Бжидских, командир первого мотострелкового взвода первой мотострелковой роты войсковой части 354: «Фыццаг ротæйы къордæн хæс радтой. Æз дæн мотоæхсæг фыццаг къорды разамонæг. Нæ хæс уыди æхгæд ранæй знæгты æхсын. БМП-тæй, хæцæнгæрзтæй сæ æхстам. Уый фæстæ æз рахызтæн иннæ ранмæ, уым ныббырстон ме знаджы. Ссардтон денджызон фистæгæфсæдты хай æмæ уый дæр ныппырх кодтон». Мотоæхсæг батальон æхста танктыл æхгæд бынæттæй. Уыдис дзы æнæнхъæлæджы уавæры архайд дæр. Шамиль Вагабов, танкист: «Нæ танкты батальонимæ ма ис мотоæхсæг ротæ дæр. Иумæ куыд æмбæлы, афтæ архайæм. Мæнмæ гæсгæ нæ барæй баиу кодтой, цæмæй ацы ахуырты ныхкъуырд дæр иумæ дæттæм æмæ знаджы дæр бырсæм. Цы сценари æрхъуыды кодтой, уый дæр хорз у». Тарскæйы полигоны сæрмагонд ахуыртæ ацыдысты мин æфсæддонæй фылдæр. Уый Цæцæны республикæйы 42-æм танкты дивизи æмæ Дагестаны мотоæхсæг батальон. Ардæм æрцыдысты, цæмæй æнæзонгæ ран архайын сахуыр уой. Æцæг æфсæддонты бæсты - мæнг муляжтæ. Чысыл æддæдæр сæ цуры - æцæг хæстонтæ. Уым æнхъæлмæ кæсынц хæстон цаутæм. Уырдыгæй райдайдзысты знаджы ныхмæ цæуын. Александр Гунцадзе, заместитель начальника отдела боевой подготовки 58-армии: «Ацы ахуыртæ, кæй зæгъын æй хъæуы, пайда æмæ вазыгджын сты, уый тыххæй æмæ æфсæддонтæ мæнг знаджы ныхмæ нæ хæцынц. Сæ ныхмæлæуджытæ æцæг сты». Сæрмагонд ахуыртæ ма цæуынц Хуссар æфсæддон зылды 4 полигоны. Ахуырты бахъуыдысты хæдтæхджытæ æмæ æнæтæхæг апараттæ дæр. Æдæппæтæй æфсæддон техникæйы 300 иуæджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv