Республикæйы фермерон хæдзарæдтæ цæттæ кæнынц зымæгмæ

15.04.2022
Хъæууон-хæдзарадон куыстуæттæ зымæгмæ цæттæ кæнын райдайынц рагацау. Кæд сæрды кæрон у, уæддæр фермерты ӕвӕрӕнтӕ дзаг сты. Змейкæйы фермерон хæдзарады стуртæ ныртæккæ хизынц хæхбæсты сæрвæтты. Ноябры сæ æрласдзысты æмæ сӕ бакæндзысты цалцæггонд бынæтты. Уæдæ холлæгтæй дæр цух нæ уыдзысты. Хæдзарады сарæзтой сæрмагонд цех, уым сæхæдæг цæттæ кæндзысты хус холлæгтæ. Куыстуаты архайды тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Фермерон хæдзарæдтæ цæттæ кæнынц зымæгмæ. Куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Змейкæйы дæр ныртæккæ амал кæнынц холлаг. Ноябры фос сæрвæтты нал хиздзысты. Уый тыххæй сын холлаг хъуамæ рафаг уа уалдзæджы кæрдæджы фæцъæхмæ. Афæдзы уазалтты размæ скъæттæ, æнæмæнг, хъæуы дезинфекци скæнын. Зымæджы стувос кæм уыдзысты, уыцы бынæттæ хъуамæ уой сыгъдæг. Науæд тæссаг у хæцгæ низтæ схæцынæй. Фермерон хæдзарады ис 200 стуры. Ам кæнынц æхсыры куыст. Ныртæккæ бынæттон продукци хуыздæр æлхæнынц. Уый фæдыл Змейкæйы фæнд кæнынц сæ куыстуаты райрæзтыл бакусын. Зымæгон рæстæг фермертæн кæддæриддæр вæййы зындæр. Фæлæ йæм Змейкæйы хæдзарады кусджытæ сæ куыстуарзондзинады фæрцы кæддæриддæр цæттæ сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще