Хицауады хæдзары дзырдтой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты программæйыл

18.04.2022
Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты сæрмагонд программæимæ баст фарстатыл æрдзырдтой хицауады уæнгтæ. Æмбырды сæрдариуæг кодта нæ регионы разамонæджы хӕстӕ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Программæйы къабæзты рæзтыл бакусынæн кусæг къорд кӕй снысан кодтой, уый тыххӕй фæнысан кодта хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз. Къорд арæзт у бынæттон хиуынаффæйады æмæ æппæт министрадты минæвæрттæй. Сергей Меняйлойæн ахсджиаг у, цæмæй бæрнон адæмы куыстæн фидæны уа стыр ахадындзинад. Социалон-экономикон рæзтæн бындуронæй æркæсын æмæ бакусын хъæуы алы къабазыл дæр. Экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Томайты Хъазыбег фæнысан кодта хицæн комплексон программæйы къабæзтæ. Се `хсæн хъæууон-хæдзарад, промышленность, туризм, амалхъомад æмæ логистикæ. Промышленность æмæ транспорты министрадæн бабар кодта бæрнон куыстуæтты хыгъдыл бакусын. Бæрг дзы хъуамæ уой куысты бынæттæ дзы цас ис, хъалонтæ цас фидынц, уыимæ кусджыты социалон пакет. Республикæйы разамынд ма хæстæгдæр рæстæг фембæлдзæн чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады минæвæрттимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще