Сæ хæдзар ссардтой
6 районы æмæ социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 23 объекты. Нæ республикæйы хицауады сæрдар абон уыди кусæг балцы. Ногæй бабæрæг кодта объектты арæзтад куыд цæуы, уый. Федта тарнизты ныхмæ диспансер, Алагиры æмæ Беслæны рынчындæттæ, ног скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ. Уыди ма Дыгуры районы, Турмоны фæдзæхст бынаты. Абон дзы æрдзмæ рауагътой 3 зубры. Дарддæр ныхасы бар нæ уацхæсджытæн. Фæндаг кæд дард уыд, уæддæр æрхæццæ сты. Кæдæй уæдæй! Цæгат Ирыстоны фæхæст бынæттæй иумæ рауагътой 6 зубры. Ацы ран – замманайы бынат у ацы цæрæгойтæн. Къуыри фæстæ ма сæм бафтдзæн ноджы 4 зубры. Нырма уал сæ дардзысты хицæн бынаты, цæмæй фæцахуыр уой, уый тыххæй. Стæй уæгъдибарæй æрдзмæ рæцæудзысты. Ахсджиаг хъуыддаг у! Ацы цæрæгойтæ рагæй нырмæ тæссаг уавæры сты. Сæ бахъахъхъæнынæн æрхъуыды кодтой сæрмагонд программæ. Йæ тыхы бацыд 50-æм азты. Цæгат Кавказы уыцы программæмæ гæсгæ арæзт ис дыууæ сæрмагонд бынаты – Цъæйы æмæ Хъæрæсе-Черкессийы. 2012 азы Цæгат Ирыстоны хицауад æмæ Æрдзы дунеон фонды минæвæрттæ бафыстой æмгустады бадзырд. Бæлвырддæр дзургæйæ – зубрты нымæц фæфылдæр кæнынæн. Уæд, Цъæйы фæзæх бынатмæ æрбаластой 18 зубры. Ныр баисты 85. Тускъаты Таймураз дарддæр йæ кусæг балцы ацыд. Фæткмæ гæсгæ, фыццаг объект бабæрæг кодта райсомы 7 сахатыл. Йæ кусæг балц та цалдæр сахаты размæ фæци Дзæуджыхъæуы бабæрæг кодта 6 объекты – Тарнизты диспансер, национ музей, 27 скъола, сывæллæтты рæвдауæндон, 18-æм микрорайон æмæ Весеннийы уынджы скъола. Сæ фылдæры куыстытæ хъуамæ сентябры фæуой, иннæтæ та сцæттæ уыдзысты – афæдзы кæронмæ. Джызæлы фæзындзæн 4 мин квадратон метры ног спортивон фæз. Уыдзæн дзы баскетболæй æмæ футболæй хъазæн фæзтæ. Иннæ спортивон объекттæ – Заманхъулы хъазæн фæз, Змейкæйы станицæйы æмæ Фарныхъæуы спортивон залтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще