Бырæттимæ куысты домæнтæ

20.04.2022
Бурбын сырх уæзласæнтæ... Уымæй хицæн кæнынц бырæттæ ласæн машинæтæ. Алы бон дæр дæсгæйттæй æнæрынцойæ цæуынц бырæттæкуыстгæнæн заводмæ. Ласынц горæты цæрджыты хауæццæгтæ. Ракалынц сæ стыр бырондонмæ, уырдыгæй уыдон бахауынц конвейермæ. Уым та сæ æвзарынц. Бырæтты куыстгæнæн заводы юрист Гайттаты Таймураз: «Нæ бырон ласæм алы регионтæм-Воронеж, Владимиры область, Хъæрæсе-Черкесийы республикæмæ, Стъарапъолмæ. Алы заводмæ быроныл бакусынмæ фаг хъомыс нæй, иуæй-иуты дзы къуылымдзинæдтæ дæр фæзыны». Уæвгæ, къуылымпыдзинæдтимæ кусы æппæт бырæттæкусæн системæ. Зæгъæм, республикæйы ис иунæг ахæм завод. Ардæм цы нæ бахауы, уыцы хауæццæгтæ æмбыйынц бырондоны. Кæм сæ бакусой, ахæм куыстуат Ирыстоны нæй. уымæ гæсгæ сæ иутæ басудзынц. Уый та экологийæн маргæй уæлдай нæу. Æппæтуæрæсейон статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ æрвылаздæр басудзынц бырæтты 3%, бырæтты куыстгæнæн заводтæм та баласынц сæ -7%. Афтæмæй бырæтты 90 %-ыл ничи бакусы æмæ се смаг калгæ æмбыйынц полигонты. Уый аххосæй, зæххыты мингай квадратон метры сты сæфт. Бирæ азты бакусынмæ нал сбæздзысты. Хъыгдард баййафынц зæххы бын цы дæттæ ис, уыдон дæр. Уæлдай бæллæх та вæййы донивылдтыты рæстæг. Уæд алцыдæр йемæ раласы æмæ æппæт чъизитæ бахауынц цæугæдæттæм. Фæсарæйнаг бæстæты бырæттимæ дарддæры куыстмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц. Ныффидар дзы бæлвырд фæтк. Фыццаджыдæр дзы алы хуызы быронæн ис хицæн контейнер. Уый фæстæ сыл бæлвырд бакусынц, хауæццæгтæ дзы куыд нал баззайа, афтæ. Ахæм хуызы кусын фæнд кæнынц Уæрæсейы дæр. РЦИ-Аланийы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады хауæццæгты куыстгæнæн программæтæм цæстдарæг хайады хицау Игорь Портнов: «Цалдæр азы размæ нæ министрад сарæзта фæлварæн. Хольцманы сæвæрдтам алы быронæн хицæн контейнертæ. Фæлæ адæм нырма цæттæ не сты сæ бырæттæ алы контейнертæм æппарынмæ. Нæ хъуыдымæ гæсгæ цæрджыты хъуамæ сæ хæдзæртты сæ бырон æмбырд кæной алы дзæкъулты. Авг хицæнæй, хойраджы хауæццæгтæ иннæ дзæкъулы, æндæр хуызы бырон та бынтон æндæры. Стæй сæ хицæн контейнерты æппарой». Уæрæсейы æрдзхъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ нæ бæстæйы иу цæрæг афæдзмæ аппары бырæтты 400 кг. Зæгъæм, 4 адæймагæй бинонтæ афæдзмæ аппарынц 150 кг пластмассæ, 100 кг гæххæтт æмæ 1 000 авджы. Хæдзæртты сæ хицæн дзæкъулты куы æмбырд кæниккой, уæд уавæр дзæвгар фæхуыздæр уаид. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ цæрджытæн уый зын скæнæн у. Иннæтæн зонд амонынмæ та сæ фылдæр дæсны сты. Специалисттæ зæрдæ дарынц адæмы зондахаст кæй аивдзæн æмæ сæхæдæг дæр бырæтты куыстгæнджытæн кæй æххуыс кæндзысты, ууыл. Бызыккаты Анатолий: «Мæнмæ гæсгæ уый хорз хъуыды у. Æз ма йæ ме рыгон бонтæй хъуыды кæнын, раздæр дæр иу афтæ уыд. Алы хуызы бырон æмбырд кодтам æмæ æппæрстам хицæн урнæты. Уым зынæй ницы ис. Уæддæр дæ хæдзары бырæттæ дзæкъулты кæнæ голджыты æмбырд кæныс. Цы ма аивдзæн уымæй, æмæ йæ хицæн голладжы ныппарай?" Ног азæй фæстæмæ министрадтæ, ведомтсвæтыл æмæ муниципалитеттыл ис бырæттæн хицæн контейнертæ сæвæрыны хæс. Адæм хъуамæ сæ хæдзары бырæттæ æмбырд кæной алы голджыты æмæ сæ æппарой сæрмагонд конте

Похожие видео

Показать еще