Уæрæсейы хицауад фенцондæр кодта электрон тыхы хызæгтæм технологон иукæнынады фарстайы домæнтæ
Уæрæсейы хицауад фенцондæр кодта электрон тыхы хызæгтæм технологон иукæнынады фарстайы домæнтæ. 2024-æм азæй электрон тых объекттæм бауадзӕн уыдзæн арæзтадон куыстыты рæстæг. Цæрæн хæдзæрттæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, скъолатæ, поликлиникæтæ, офистæ æмæ æндæр куыстадон бæстыхæйттæм электрон тых бауадзыны тыххæй фидаргонд æрцыд иумæйаг курдиат. Уымæй уæлдай ма арæзджыты суӕгъд кӕндзысты электрон тыхы телтæ бауадзыны, эксплуатаци кæныны, стæй сæм зилыны хӕстӕ. Ныр ацы æппæт куыстытæ кæндзысты электрон хызæгты компанитæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv