Кæсагдарыны куыст дæр рæзы
Кæсагдарыны куыст дæр рæзы. Цæгат Кавказы Федералон зылды фæстаг 5 азмæ цæугæдæттæм рауагътой кæсаджы лæппынтæ 2 милуанæй фылдæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой Цæгат Кавказы Уæрæсейы кæсагахсынады территориалон управленийæ. Уыцы рæстæгмæ рапарахат кодтой кæф-кæсаджы куыст дæр. Профилон ведомствæйы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ацы фарстайы райрæзт баст у, промышленон куыстуæттæ кæй рæзынц æмæ уæлдæфæн стыр зиан кæй хæссынц, уыимæ. Цæмæй хъуыддаг хорзырдæм раива, уый тыххæй та куыстуæттæ хъуамæ кæсаг рауадзыны мадзæлттæ аразой. Фæлæ, хъыгагæн, ахæм хъуыдыйыл иууылдæр ххæст не сты. Æппæт организацитæ закъонмæ гæсгæ не ’ххæст кæнынц хъæугæ домæнтæ. Уымæй уæлдай ма нын сæрмагонд ведомствæйы фехъусын кодтой, цæмæй æмбæлгæ цæстдард цæуа ацы куыстуæттæм, уый тыххæй инспектортæн æлхæд æрцæудзæн 30 хæдтулгæйы. Куыд зонæм афтæмæй, раздæр Цæгат Ирыстоны дыууæ ран Теркмæ рауагътой 85 мин Хъаспийы кæфы лæппыны, цæмæй æрдзон уавæрты схъомыл уой æмæ сбирæ уой. Декабры мæй Кæсæг -Балхъары республикæйы Теркмæ æмæ йæ бакæлæнтæм бауагътой 300 мин хъаспийаг кæфы лæппыны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще