Нæ республикæйы арæх саразынц фатæхсджыты хсæн ерыстæ
Фат æхсыныл кæм ахуыр кæнынц ахæм скъола Цæгат Ирыстоны иунæг у. Фæлæ адæмæн уарзон сси. Уыимæ ма нæ республикæйы арæх саразынц фатæхсджыты хсæн ерыстæ. Ирыстойнаг спортсментæ та арæх нымад æрцæуынц хуыздæртыл. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Фатæхсджытæн куыддæр бар раттынц, афтæ рæгътæй алæууынц. Мысанмæ æдзынæг ныккæсынц. Ацы хъуыддаджы сæйрагдæр у рæстдзæвин. Æрмæст афтæмæй ис нысан акъахын. Ацы чемпионат олимпаг ситемæмæ гæсгæ арæзт уыд. Фыццаг къæпхæн - квалификацион. Кæронбæттæны 40 тыхджындæр æмæ арæхсджындæр спортсмены бауагътой финалмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæрты хсæн хуыдæр суæвын æнцон нæу. Фатæхсæг мысанæй 18 метры дарддæр лæууы. Уыимæ сын æхсыны бар та ис æрмæст æртæ хатты. Æххæстгонд цæуынц æдасдзинады домæнтæ дæр. Алы ерысгæнæгыл хъуамæ уой сæрмагонд гæзтæ. Уыимæ риударæн дæр - цæмæй æрдынбос уæлæдарæсыл ма фæхæц-фæхæц кæна, уый тыххæй. Ацы турнир арæзт цæуы æртыккаг аз. Афæдзæй-афæдзмæ йæ архайджыты бæрц фылдæр кæны. Арæх дзы архайынц сыхаг регионты минæвæрттæ. Ацы хатт фатæхсджытæ ссыдысты Налцыкк æмæ Новороссийскæй. Бирæтæ дзы фыццаг хатт не ссыдысты, æмæ сæ алчидæр зæгъы - ирон спортсментимæ ерыс кæнын тынг зын у. Ахмет Кишев спорты ацы хуызæй архайы фæндзæм аз. Лæппуйыл 12 азы йеддæмæ нæ цæуы,фæлæ ныридæгæн йæ размæ сæвæрдта нысан, фæнды йæ Олимпаг чемпион суæвын. Куыд зæгъы, афтæмæй зындзинæдтæй нæ тæрсы. Уыдон ыл, æнæмæнг, тых æфтауынц. Ацы спортæй хи нæ ирхæфсы, фæлæ йæ йæ царды ахсджиагдæрыл нымайы. Ирыстоны ацы спорты хуыз ног нæу, фæлæ дзы бирæтæ нæ архайынц. Томайты Людмилæ фæлтæдджын тренер у. Кусы №4-æм спортивон скъолайы æмæ сывæллæтты ахуыр кæны. Дзæуджыхъæуы фат æхсынæй сахуыр кæнæн æрмæст ам ис. Скъола 3 азы размæ байгом кодтой. Архайынц дзы 30 адæймаджы. Сæ хорз цæттæдзинадæн та æвдисæн у алыхуызон ерысты уæлахиздзаутæ кæй свæййынц ,уый. Нæ спортсментæ æнтысджынæй архайынц ерысты, бацахсынц фыццаг бынæттæ. Уæдæ ацы хатт дæр никæмæй цауддæр уыдысты. Спорты ацы, æнæмæнг, цæрдзæн, фидæны та дзы архайдзысты бирæ адæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще