Мадæлон æвзаджы бон
21-æм февраль у мадæлон æвзаджы бон. Кæд бæрæгбон у, уæддæр йæ рахæцæн рауад тугæмхæццæ. 1952-æм азы, Даккæйы пъæлицæйæгты къухæй фæмард сты, сæ мадæлон - бенгали æвзаг бахъахъхæнын кæй фæндыд, уыдон. Сæ ном сын мысгæйæ, ацы бон снысан кодта ЮНЕСКО-йы Генералон конференци. Æвæццæгæн, ахæм райдиан ын хуымæтæджы нæ уыд. Мадæлон æвзаг туджы ахъары сывæллоны бонæй фæстæмæ. Дæ мад æмæ дæ фыд дæ цы æвзагыл хъомыл кæнынц, де мгæрттимæ æмæ дæ хиуæттимæ, дæ уарзон адæмимæ цы взагыл сдзырдтай, уый æндæрыл баивын тыхми у. Абон æппæт дунейы адæмыхæттытæ бæрæг кæнынц сæ мадæлон æвзаджы бон. Махæн, ирон адæмæн не` æвзаг у нæ хæзна æмæ йæ канд бахъахъхъæнын, нæ фæлæ йæ райрæзтыл хъæуы архайын. Цы зонынц мадæлон æвзаджы тыххæй нæ республикæйы цæрджытæ, уый базонынæн нæ стыр цыдæртæ нæ бахъуыд. Бæлвырд дзырдтæн цы нысаниуæг ис, зæгъгæ, бахатыдыстæм горæты цæрджытæм. Фылдæр æмæ хуыздæр кæм дзурынц иронау? Ацы фарстæн алчи алыхуызон дзуапп дæтты. Хъæуты цæрджытæ сæхи састы бынаты нæ уадзынц, горæты иронау дзурын «модæ»-йы нал ис, зæгъгæ. Уый ныхмæ сæ ахъуынджын кæнынц горæтæгтæ - мах дæр, дам, фæстейы нæ баззадыстæм, зæгъгæ. Æрмæст сæттынц, куыд нæ бон у, афтæ, дам, дзурæм. Дæлæ кæнæм, уæлæ кæнæм, фæлæ ацы хъуыддаджы ахуыргонд адæмæй хуыздæр тæрхонгæнæг не ссардзыстæм. Мадæлон æвзагæн æцæг аргъ чи кæны, уыдон сты Турчы цæрæг ирæттæ. Сæттынц ыл, сæ кæстæр фæлтæр иронау дзурынмæ уыдонæн дæр раздæрау хорз кæй нал арæхсы. Фæлæ йыл уæддæр цыма æнувыддæр сты, афтæ кæсы адæймагмæ. Арæх Амбырд вæййынц, цæмæй сæ туг ма фесæфа. Уымæн æмæ ахæм æнамонд хабарæн йæ фæстиуджытæ хорз æнкъарынц. Алкæмæн зонгæ, бирæтæн та уарзон бынат- Алайнаг гимназ. Фæрнæйдзаг къахдзæф кæй у, ууыл бирæтæ дызæрдыг нæ кæнынц. Ирон æвзаджы райрæзт æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыладыл кæд искуы удуæлдайæ кусынц, уæд ацы ран. Ахуыргæнджытæ архайынц æрмæст æвзаг бахъхъæныныл нæ, фæлæ ма фидæны йæ адæмæн æмæ фыдыбæстæйæн кад чи кæндзæн, ахæм фæсивæды схъомыл кæнын. Сабитæ алфавиты алы дамгъæйæ дæр æнцонтæй пайда кæнынц, сæ хъуыдытæ раргом кæнынц дзырдбæстыты хуызы. Суанг ма чысыл радзырдтæ дæр æрхъуыды кæнынц. Патриот чи у, уый дæр зонынц уæдæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй 2009 азы ЮНЕСКО ирон æвзаг бахаста, фесæфынæй тæссаг кæмæн у, уыцы къордмæ. Цыдæр бындур дзы ис уыцы хъуыдыйы. Ивгъуыд дуджы, хъыгагæн, историйы арфы аныгъуылдысты дæсгай æвзæгтæ. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, 7 мин æвзаг æмæ диалектæн 100 азы фæстæ баззайдзæн æрмæстдæр се `рдæг. Афтæмæй та суанг фæсарæнты цæрджытæ дæр не `взагмæ се `ргом здахынц. Сæ иу - Нестор Суарез. Райгуырд æмæ цæры Аргентинæйы. 28 азы йеддæмæ йыл нæма цæуы, афтæмæй сахуыр кодта цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы. Йæхи мадæлон испайнагæй уæлдай ма - англисаг, немыцаг, венгриаг, уырыссаг æмæ `ндæртæ. Æнæнхъæлæджы се `хсæн фæзынд ирон æвзаг дæр. Цы хæйрæг æй ацардыдта, уымæн дæтты бæлвырд дзуапп. Кæддæр Интернеты федта, æгас Дзæуджыхъæуыл цы фыстытæ апарахат сты, уыдон - "Кæд дæ ирон, уæд де `взаг зон", зæгъгæ. Афтæмæй йæм сцыбæл æмæ йæ сахуыр кодта. Дзургæ дæр йыл бирæ ирæттæй хуызд
Похожие видео
Показать еще