Æхснырсæг æмæ коронавирусы ныхмæ мадзæлттæ бацамыдтой бархионтæ скъоладзаутæн

19.04.2022
Карантины фæстæ ахуырдзаутæн райдыдтой аразын тематикон лекцитæ. Скъоладзаутæн æмбарын кæнынц, хи куыд бахъахъхъæнын хъæуы грипп æмæ короновирусæй, уый. Сарæзтой сæ Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад, Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени, Цæгат Ирыстоны медицинон академи æмæ «Волонтеры-медики»-йы бархионтæ. Уымæй уæлдай ма фæсивæдмæ сидынц, цæмæй æрбангом уой æмæ адæмæн иумæ æмбарын кæной, вирус цæмæй тæссаг у æмæ дзы хи куыд бахъахъхъæнын хъæуы, уый. Фæнд кæнынц базарадон-хиирхæфсæн центрты æрфарстытæ кæнын «Профилактика гриппа, ОРВИ и короновируса», зæгъгæ, темæйыл. Ныридæгæн уал лекцитæ скодтой Дзæуджыхъæуы 29-æм скъолайы ахуырдзаутæн. Бархионтæ сын бамбарын кодтой, ацы вирус уæлдай тæссагдæр сывæллæттæн кæй у, уый. Цæмæй сæхи бахъахъхъæной, уый тыххæй хъуамæ æнæниздзинад хъахъхъæныны мадзæлттæ зоной. Адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæной, ахæм бынæттæм ма цæуой, маскæтæ дарой æмæ сæ 2 сахатæй 2 сахатмæ ивой. Ахæм лекцитæ бакæсдзысты республикæйы æппæт скъолаты дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео