Дзæуджыхъæуы байгом кодтой æнæхæдзар куыдзтæн питомник

18.04.2022
Уалдзæджы райдайдзысты сабырдзинады проспекты дыккаг хай цалцæг кæнын. Бындуронæй сног кæндзысты фантанты фæз дæр. Баивдзысты йын йæ уæлцъар æмæ рухсдæттæн системæ дæр. Фантантæ цалдæр азы нæ кусынц. Уыдон дæр рацараздзысты. Абон ма Дзæуджыхъæуы байгом æнæхæдзар куыдзты питомник. Цæрæн бынат, хæрд æмæ зылд. Куыдзтæн ног питомниккы сарæзтой æппæт хъæугæ уавæртæ дæр. Æрбынат дзы кодтой æнæхæдзар куыдзтæ æмæ, æрæджы дæр ма хицауджын чи уыд, фæлæ уынджы чи аззад, уыдон. Базилыны фæнд сæм скодтой бархионтæ. Ныртæккæ питомниккы ис 148 куыдзы. Куыдзтæн сарæзтой сæрмагонд ветеринарон бокс. Æппынæдзух сæм сæ цæст ветеринартæ дарынц. Хæринаг дæр сын питомниккы цæттæ кæнынц. Дарддæр ма фæнд кæнынц уæлæмхасæн вольертæ саразын. Фæзуат дæр фæуæрæхдæр кæндзысты. Хъарм доны фарстайыл дæр бакусдзысты. Кусæг балцæн йæ иннæ пункт у сабырдзинады проспект. Горæты сæйраг уынг дарддæр цалцæг кæнынц. Ныр уал кусынц Горькийы номыл уынгæй Джанайы фырты уынджы онг хайыл. Ивынц инженерон коммуникацитæ. Проспектæн йæ уæлцъар уыдзæн дзæнхъа дурæй. Баивдзысты дондзæуæнтæ. Бакусдзысты трамвайты фæндæгтыл дæр. Уæлдай æргом аздæхтой Морских Пехотнинцев уынджы фантанты рацарæзтмæ. Бирæ азты дæргъы нæ куыстой. Цыбыр рæстæгмæ горæты цæрджытæн сæ цæсты ахаддзæн. Фæзы ма баивдзысты фистæгцæуджыты фæндаджы уæлцъар, сног кæндзысты рухсдæттæн системæ. Куыстытæ баххæст кæндзысты федералон проект «Горæты æнцонвадат цардархайыд»-ы руаджы. Æдæппæтæй ацы аз снывыл кæндзысты 42 æхсæнадон фæзуаты æмæ 72 кæрты. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще