Иумæйаг пайдайæн бæстыхæйтты цы электрон тых хардз кæной, уый ныр нымад цæудзæн æндæр хуызы
Иумæйаг пайдайæн бæстыхæйтты цы электрон тых хардз кæной, уый ныр нымад цæудзæн æндæр хуызы. Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты 100 иумæйаг бæстыхай æмæ гаражæй фылдæры электрон тых ахуыссын кодтой. Уыдон электрон тыхæй пайда кодтой æнæ сæрмагонд бадзырд бафысгæйæ. Разамынддæттæг компани «Цæгаткавказэнерго»-йы специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй 11 уæлæмхасæн бæстыхайы сæвæрдтой нымайæн гæрзтæ æмæ байгом кодтой сæрмагонд хыгъд. Уый фадат ратта бирæуæладзыгон хæдзæртты электрон тыхæй давды цаутæ аиуварс кæнын. ЦæгатКавказэнергойы разамынд куыд зæгъынц, афтæмæй бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ иумæйаг уынаффæйы рахæссынц уынаффæ гаражтæ æмæ уæлæмхасæн бæстыхæйтты электрон тыхæн фиддонтæ баххæсдзысты, уый. Профилон куыстуат æнæ закъонæй электрон тыхæй чи пайда кæны, уыцы бæстыхæйтты хыгъд снысан кодтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще