Хъазахъхъæгты кълас Архонкæйы
Хъазахъхъы традицитæ, истори æмæ фольклор рохуаты ма ныууадзын æмæ æрыгон фæлтæры семæ базонгæ кæнын. Ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой Архонкæйы скъолайы ахуыргæнджытæ. Ахуыргæнæндоны байгом кодтой сæрмагонд кълас. Райгуырæн бæстæ уарзын æмæ хъазахъхъаг цардывæтк æххæст кæнынмæ ам бæрнон цæстæй кæсныц. Æвзонг хъазахъхъæгты бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Æвæццæгæн, ацы уроктæ кæмæдæр æнахуыр фæкæсдзысты, фæлæ Архонкæйы фыццæгæм скъолайы цæуынц æрвылбон. Ахуыр дзы кæнынц сывæллæтты æхсаргардæй арæхстджынæй пайда кæныныл. Лæппутæ зæрдиагæй кусынц. Цалынмæ лæппутæ сæхицæй хорз цæттæгонд хæстонтæ аразынц, уæдмæ чызджытæ та зонгæ кæнынц хъазахъхъæгты культурæ æмæ цардыуагимæ. Зарынц фыдæлты зæронд зарджытæ æмæ ахуыр кæнынц кæфтытæ. Ахуыргæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй сын сæ адæмы `гъдæуттæ æнцондæр бахъахъхъæнын у. Хъазахъхъæгты къласс Архонкæйы фарон байгом. Станицæйы фыццæгæм скъолайы йæ хуымæтæджы нæ сарæзтой. Хъазахъхъæгтæ хъæуы рагæй æрцардысты. Ууыл дзурæг сты скъолайы конд историон стендтæ дæр. Зæгъæм, цæмæй атаманы схъомыл кæнай, уымæн бирæ фыдæбон хъæуы. Ахуыргæнджытæ алывæрсыгæй ахадынц. Сæ хъомылгæнинæгтæ хъуамæ канд физикон æгъдауæй тыхджын ма уой, фæлæ ма мидварнæй хъæздыг дæр. «Цавæр нысанимæ арæзт æрцыд арæзт кълас? Йæ хæс у хъазахъхъæгты культурæйыл сæндидзын. Уый нæ фидæн æмæ нæ бæстæйæн аккаг цæрджыты хъомыладæн ахсджиаг у. Истори хъæуы зонын. Ныййарджытæ се `ппæт дæр сразы сты ахуыры фæткыл. Сæ зæрдæмæ цæуы. Къласмæ цæуынц алы адæмыхæттытæ», - загъы Архонкæйы 1-æм скъолайы райдæйæн кълæсты ахуыргæнæг Наталья Чернышева. Зæрдæргъæвд фыдæбон æмæ сфæлдыстадон куысты тыххæй Наталья Чернышевайы схорзæхджын кодтой Кады гæххæттæй. Алайнаг хъазахъхъаг зылды минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм кълас æмæ ахуыртæ хуыздæрырдæм фæзындзысты хъазахъхъæгты æгъдæуттæ бахъахъхъæнынæн. Сывæллонæй адæймагæн йæ зæрдæ æмæ йæ уд цы хорзæхтæй сфæлындай, уыдон йемæ баззайынц зæронды бонтæм. Ацы скъолайæ хъуамæ рацæуа аккаг фæсивæд. Æхсæнадæн æмæ æгас паддзахадæн пайда чи хæсса, ахæмтæ. Уымæй æнусты дæргъы тыхджын уыдис Уæрæсе. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv