Энергетиктæ ивгъуыд азы сцалцæг кодтой электрон тыхдæттæг телты 4 мин 800 километры

18.04.2022
Энергетиктæ ивгъуыд азы сцалцæг кодтой электрон тыхдæттæг телты 4 мин 800 километры. Фæткмæ гæсгæ базылдысты трансформаторон дæлстанцæтæм. Уыдон электрон тыхæй ифтонг кæнынц районы хъæуты социалон объекттæ. «ЦæгатКавказэнерго»-йы специалистты ныхæстæм гæсгæ, ахæм цалцæг линиты уавæрыл зымæгон рæстæг хуыздæры `рдæм фæзындзæн. 2020-æм азы «Россети Цæгат Кавказ» республикæйы цалцæджы программæ сæххæст кодта 121%-æн. Техникон лæггæдтæн æмæ электрон тыхы телты хæрзхъæд куыстæн компани ивгъуыд азы рахай кодта 3 млрд æмæ 500 милуан сомы бæрц. Телты алыварс афойнадыл бæлæстæ æмæ къутæртæй ссыгъдæг кæнын у æппæты ахсджиагдæр. Уый руаджы электрон системæ куыста æнæ къуылымпытæй. Уæлдæфон электрон тыхдæттæг линиты куыст афтæмæй уыд æдасдæр. Уыимæ ма, хъæдты æмæ цæрæн бынæтты къаддæр тæссаг уыд зынгсирвæзтытæй. Куыстытæ æххæст кæнынц афæдзы дæргъы, фæлæ сын сæ фылдæр хай бакæнынц уалдзæджы æмæ сæрды. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео