Раздæр куыд уыд, афтæ
Ивгъуыд æнусы 40-æм азты Рахизфарсы районы сарæзтой арыхъхъ. Хъуамæ хъæуы цæрджыты донивылдæй хъахъхъæдтаид. Сæйрагдæр та — хус рæстæджы сæ тыллæг сæфт нæ уыдаид. Фæлæ куыдфæстæмæ рохуаты аззад æмæ заууатмæ æрцыд. Байдзаг ис быронæй. Февнæлдтой йæм хæрзæрæджы. 25 километрæй арыхъхъæй 800 кубометры бырон аластой. Дыууæ мæйы йыл кусынц, ныридæгæн кæронмæ фæвæййынц. Фæлæ уый фаг нæу. 20 азы дæргъы арыхъхъы цы бæлæстæ æрзадысты, уыдон дæр акалдтой. Сты 200 кубометры. Хъæуы сæ паласын æмæ зæхх ссыгъдæг кæнын. Цæлыччы кæнынц стыр донхорыггæнæн. Тынг ахъаз фæуыдзæн 30 хъæууон хæдзарадæн. Ныр донхъуаг нæ уыдзысты. Куы сцæттæ уа уæд бынæттон цæрджытæн донивылдтытæй тæссаг дæр нал уыдзæн. РЦИ-Аланийы зæххыты мелиорацийы директоры хæдивæг Виктор Гизатулин: «Цæлыччы донхорыггæнæнæн йæ ацы хай у цæттæ. Тынг æдзæллаг уыд. Ауазæныл ма суанг бæлæстæ æмæ къудзитæ сырæзт. 10 азæй фылдæр æй нæ сыгъдæг кодтой. Ныртæккæ дзы дон ауадзæн ис. Зæхкусджытæ уыцы хорзæхæй цух нал уыдзысты». Цæлыччы магистралон арыхъхъ 40--æм азты сарæзтой.16 бонмæ. Цымыдисаг та уымæй у æмæ йæ арæзтады тынг бирæ адæм архайдтой. Æгас Ирыстонæн йæ арæзтад тынг ахсджиаг цау уыд. Пайда дзы кодтой Зилгæйы, Цæлыччы æмæ Заманхъулы къолхозтæ. Кæй йæм нал зылдысты. Фаг цæстдард æм кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ хæмпæлгæрдæг æмæ бæлæсты бын фæци. Кæлмытæй æмæ уырытæй тæрсгæйæ, йæм адæм хæстæг дæр нæ цыдысты. Кусджытæ куыд зæгъынц афтæмæй донхорыггæнæн æххæстæй скусдзæн сентябры кæрон. Фермертæ æмæ йыл хъæуты цæрджытæйыл уæлдай цин кæнынц. Æнхъæлмæ кæсынц донæй кæд байдзаг уыдзæн, уымæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv