«Спецэкосервис»-ы кусджытæ фæндæгтыл пырх кæнынц змис æмæ цæхх, цæмæй бырынцъаг ма уой
Синоптикты хъусынгæнинагмæ гæсгæ хæстæгдæр суткæйы температурæ æрхаудзæн, уардзæн мит. Фæндæгты æдасдзинамæ кæсынц коммуналон службæтæ. «Спецэкосервис»-ы кусджытæ фæндæгтыл пырх кæнынц змис æмæ цæхх, цæмæй бырынцъаг ма уой. Мæрзынц тротуартæ. Боныхъæд кæй февзæрдæр ис, уымæ гæсгæ фæндаггон змæлды архайджытæм сидынц, цæмæй тагъдады фæтк æххæст кæной. Æвзæр боныхъæды аххосæй æхгæд æрцыд Арвыкомы фæндаг дæр. Ацæуыны бар дзы нæй хæдтулгæты æппæт хуызтæн дæр. Ныртæккæ фæндаджы байгоммæ æнхъæлмæ кæсынц уæззæуттæ ласæн машинæты 500 шофыры. Шофыртæн байгом кодтой хъармгæнæн пункт. Бынаты кусынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады психологтæ. Фæндаджы уавæры тыххæй æппынæдзух хъусын кæнынц шофыртæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще