Хъуыддаг райдыдта зæххы гæппæл æмæ дыууæ стурæй

20.04.2022
Бæтæхъойы хъæуы цæрæг Нарыкъатæ сæ цыппæркъахыг хайуантæм зилынц æнæхъæн бинонтæй. Æхсырæй кæнынц цыхт, фидæны та сæ фæнды чысыл куыстуат саразын. Уый тыххæй фермерты хъæуы паддзахады æххуыс. Цæмæй сæм у сæ бон хъæууонхæдзарадон министрадæн фæкæсын, уый базыдтой не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. Ногæй фермæ саразын зын у. Фæлæ Ног Бæтæхъойы цæрæг Нарикъаты Нодарæн,уый йæ къухы бафтыд.Йæ бинонтимæ иумæ зæрдиагæй бакуыстой.Ныртæккæ се скъæты ис дыууын стуры бæрц. Иууылдæр вæййæм ам,хъуццыты дуцæм.Æхсыр ауæй кæнæм,ахсæм цыхт. Сæрды ма фæаразæм маслæ дæр. Не сфæлдыстадон къордæн сæ бон фенын уыдис æцæг ирон цыхт куыд ахсынц,уый. Ахста йæ Нодары бинойнаг Ольгæ. Цыхт фæахсын афтæ.Æхсырыл ахсæн ныккæнын,азмæнтын æй .Уый фæстæ цыхт æмбырд кæнын райдайын.куы æрымбырд вæййы,уæд æй хуынчъытæ къусмæ сисын. Зымæджы хъуццытæ æхсыр бирæ нæ дæттынц. Цæмæй сæ авналæнтæ фæуæрæхдæр уой, уый тыххæй сæ хъæуы ног бынæттæ скæнын. Уымæн сæ бахъæудзæн 700 мин сомы. Нодары бинонтæ ацы фермæ сарæзтой æнæ хицауады æххуысæй. Фæнды сæ сæ хæдзарад фæуæрæхдæр кæнын, фæлæ сæм æхца та нæй. Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц афтæмæй ахæм æххуысæн ис гæнæн. Фæлæ уый тыххæй хъуамæ бацархайа фермер йæхæдæг. Министрады дæр сæм фæкæсдзысты консультацийæ, баххуыс сын кæндзысты курдиат ныффысынмæ. Ацы паддзахадон программæмæ хæууон хæдзарады дих кæнынц æртæ хайыл:райдайæн къæпхæныл чи ис, æмæ гранттæ цы программæмæ гæсгæ дæттынц,ахæмыл. Министрады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фермертæ хъуамæ пайда кæной паддзахады арæзт уавæртæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще