Камчатаг уариты æнæзакъонæй чи `рцахста, уыдонæй иу уыдис Цæгат Ирыстоны цæрæг
Камчаткæйы дыууæ цæрæджы æмæ Цæгат Ирыстоны иу цæрæгыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг, æнæзакъонæй кæцыдæр мæргъты зынаргъ хуызтæ Камчаткæйы крайы кæй ахстой, уый фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæнынц регионы слестгæнæн управленийæ. Амынд мæргъты хуызтæ хаст сты Уæрæсейы Сырх Чиныгмæ. Слестгæнджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй æртæ нæлгоймаджы 2018-æм азы Усть-Камчатаг районы æрцахстой дыууæ хъæддаг уарийы. Сæ аргъ хæццæ кæны 2 милуан сомæй фылдæрмæ. Закъонхалджыты æрцахстой, хъæддаг цъиуты кæм дардтой, уыцы бынаты. Мæргъты уыйфæстæ ахуыргæндтæ ауагътой се `рдзон бынатмæ. Куыд хъусын кæнынц, афтæмæй закъонхалджыты къорды сæргълæууæг бирæ рæстæг æмбæхст Цæгат Ирыстоны. Фæлæ йæ ныртæккæ æрцахстой. Цавæр тæрхон ын рахæсдзысты, уый бæрæг нæма у. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахæм закъонхæлды æппæты карздæр тæрхон у ахæстоны 5 азæй 7 азмæ фæбадыны онг. Уыимæ ма ивар 2 милуан сомы онг бафидын дæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ уаритыл æгас Камчаткæйы крайы æнæзакъонæй цуан кæнын райдыдтой 2000-æм азты. Уый фæдыл уариты камчатаг хуыз, «кречет» кæй хонынц, уый бынтон сæфты къахыл ныллæууыд. Фæстаг цалдæр азмæ кречетты бæрц Камчаткæйы 3500 æмкъайæ фæкъаддæр 500-мæ. Ацы уаритыл цуан кæнæн нæй æгас Уæрæсейы дæр. Закъонхалджытæ ацы мæргъты Камчаткæ æмæ Чукоткæйæ аласынц Мæскуымæ, дарын сæ райдайынц æмбæхст рæтты. Уым сæ сахуыр кæнынц цуан кæныныл æмæ сæ стыр æхцатыл ауæй кæнынц Араббаг бæстæтæм, уаритимæ цуан кæнын чи уарзы, ахæм адæмæн. Иу ахæм ахуыргонд кречеты аргъ хæццæ кæны 80-йæ 100 мин доллæрмæ. Камчатаг кречеттæ та уæлдай зынаргъ сты сæ урс бумбулиты тыххæй. Уыдонæн æмбал уæвгæ дæр нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще