Нæ сын атылди

20.04.2022
Мæздæджы районы маршруткæты куыстæй дæр адæм разы не сты. Фæткмæ гæсгæ нæ цæуынц. Уый тыххæй дзы бæлцæттæн арæх бынат дæр нæ вæййы. Æхсæнадон транспорт домæнтæ цæуыннæ æххæст кæны, уый сбæрæг кæныны тыххæй районмæ *рцыд профилон министрады разамонæг Хайдарбек Бутов. Бæлццæттæ хъаст кæнынц, маршруткæтæ фæткмæ кæй нæ кусынц, стæй адæмы æрлæууæн бынæтты нæ, фæлæ фæндаджы астæу кæй рахизын кæнынц, уымæй. Адæм сæ хъаст ракодтой Битарты Вячеславæн. Уый траспорты министрадæн, траспортмæ цæстдарæг ведомствойæн æмæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы уæнгтæн бабар кодта рейды рацæуын. Хайдарбек Бутов байхъуыста адæмы курдиæттæм æмæ Мæздæджы администрацийæ дзуапп бадомта. Цыбыр рæстæгмæ уавæр хуыздæры рдæм куы нæ аива, уæд адæмы бон уыдзæн фæткхалджыты тыххæй телфонæй фехъусын кæнын. Ныридæгæн уал æрлæууæн бынæтты æмæ маршрутон такситы баныхастой телефонты номыртимæ фыст гæххæттытæ. Æхсæнадон траспорт куыд кусы уымæй разы æппындæр ничи у. Шофыртæ дæр сæхæдæг куыстæй разы не сты. Зын сын у ахæм уавæрты кусын. Нæ хæс у хъуыддагмæ лæмбынæг æркæсын æмæ раст уынаффæ рахæссын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще