Беслæныхъæуы базилдзысты Уæлахизы паркмæ

19.04.2022
Беслæныхъæуы, Уæлахиздзинады парчы фæзындзысты сывæллæтты хиирхæфсæн æмæ спортивон фæзтæ. Ахæм куыстытæ парти «Иугонд Уæрæсейы» регионалон хайад бакæндзæн æнцонвадат цардыуаг фидар кæнынимæ баст Федералон проекты фæлгæты. Спортивон комплексы ма суанг воркауты гæрзтæ дæр сæвæрдзысты, уæдæ сабиты хиирхæфсæн ранæй дæр беслæйнæгты зæрдæтæ хъуамæ барухс уой. Стыр куыст аразджытæ бакæндзысты фæзты цъæх фæлысты тыххæй дæр, ныссаддзысты дзы бирæ алыхуызон къутæртæ æмæ талатæ. Базилдзысты ма къахвæндæгтæм, кæм хъæуа, уым байтаудзысты ног асфальт, уæдæ дзы цырæгътæ дæр сæвæрдзысты. Цæмæй, фæзтæм чи цæуа, уыдон æдас уой, уый тыххæй та дзы кусдзæн видеоцæстдарды системæ. Амынд куыстытæ кæнынц адæмы хорздзинадæн, цæмæй сæ алфамблай фæзтæ цæсты ахадой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще