Нозтджын шофырты æфхæрдзысты карздæрæй
Уæрæсейы карздæрæй æфхæрын райдайдзысты, адæм кæм фæмард кæнæ кæм фæцæфтæ сты, ахæм фæндаггон бæллæхты аххосджын расыг шофырты. Уголовон Кодексы ивддзинæдтæ хауынц, фæндаггон фыдбылызы бынатæй йæ сæр чи бафснайа, уыдонмæ дæр. Абонæй фæстæмæ нæ бæстæйы йæ тыхы бацыд Уголовон Кодексы 264-æм статьяйы ног редакци. Нырæй фæстæмæ фæндаггон бæллæхы расыг шофыры тыххæй иу адæймаг куы фæмард уа, уæд аххосджынæн йæ бон у ахæстонмæ 12 азы `мгъуыдмæ бамидæг уæвын. Раздæр уыцы рæстæг уыдис 7 азы къаддæр. Кæд фæмардуæвджытæ дыууæ кæнæ фылдæр уой, уæд та - 15 азы онгмæ, раздæрæй 6 азы фылдæр. Йæхи чи бафæсвæд кæна бæллæхы фæстæ, уымæн дæр сар йæ сæр кæны. Ахæм шофыры аххосæй адæймаг уæззау цæфтæ куы райса, уæд ын тæрхондоны бон йæ ныхыл 7 азы онг ахæстоны фæбадыны уынаффæ нытътъæпп кæнын дæр у. Кæд æмæ фыдбылызы амæттаг фæмард уа, стæй цал уой амæттæгтæ, уымæ гæсгæ, уæд азымджыны сæрибар уæвынæй схицæн кæндзысты 12 азæй 15 азы онг æмгъуыдмæ. Уголовон Кодексы ног редакцимæ гæсгæ, æнæрхъуыдыйæ конд фæндаггон бæллæх дæр, гæнæн ис, æмæ ахæсдзысты «Уæззау фыдбылызты» номхыгъдмæ. Уый ууыл дзурæг у, æмæ азымджыны йæ афонæй раздæр зынтæй суæгъд кæндзысты. Ныронг-иу аххосджын уыцы хорзæхы тыххæй ахæстоны бадтис йе `мгъуыдæй æппынкъаддæр иу-æртыккæгæм хай. Ног закъонмæ гæсгæ йæ йе `мгъуыды `рдæг фæбадынæй раздæр нæ рауаддзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще