Постхæссæг Дзалаты Екатеринæйы тыххæй систой документалон киноныв
24 километры фистæгæй фæцæуын, цæмæй дæрддзæф хъæуты цæрджытæм фæхæццæ уой газеттæ æмæ фыстæджытæ. Дзалаты Екатеринæйы зонынц æрмæст Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ æгас бæстæйы. Цæуы йыл 85 азы, у хæларзæрдæ постхæссæг. Æрæджы сылгоймагы тыххæй систой документалон киноныв. Фылдæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы. Постхæссæг Дзалаты Екатеринæ йæ куыстыл у æнувыд. Куыд зæгъы, афтæмæй æндæр куыстыл хъуыды дæр никуы акодта. Цæуы йыл 85 азы. Цæры Мызуры. Фистæгæй цæуын æй бирæ бахъæуы. Адæмæн хæццæ кæны газеттæ æмæ фыстæджытæ. Дыууæ азы размæ Дзалаты Екатеринæйы хорз ном айхъуыст æгас бæстæйыл. Ныр та сылгоймаджы тыххæй систой документалон киноныв. Йæ премьерæ ацыд Дзæуджыхъæуы «Кинойы Хæдзар»-ы. Документалон кинонывы режиссер æмæ продюсер Гулуты Вячеслав. Екатеринæйы тыххæй фыццаг хатт фехъуыста социалон хызæгты. Фæстæдæр йæхæдæг базонгæ ис сылгоймагимæ. Йæ истори йæ дисы бафтыдта. Сфæнд кодта киноныв сисын. Бахардз ыл кодта 8 мæйы. Йæ киноныв схуыдта «Почтовый марафон», зæгъгæ. Премьерон равдысты Дзалаты Екатеринæ киноныв федта фыццаг хатт. Куыд радзырдта, афтæмæй йын æнахуыр уыд йæхи кинонывы фенын. Фæлæ, иумæйагæй-та, киноныв йæ зæрдæмæ фæцыд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv