Пушкины номыл уынджы 3 æм хæдзары цæрджыты хъаст кæнынц сæ цæрæнуаты уавæрæй

20.04.2022
Пушкины номыл уынджы 3-æм хæдзар сарæзтой 50 азы размæ. Уæдæй абонмæ йæ донуадзæн хæтæлтæ ивд нæ уыдысты. Заууатмæ æрцыдысты. Хæдзары бын цы бæстыхай ис, уый донæй байдзаг вæййы. Хæдзары къултæ суанг цары уонг хъуына æмæ сирысты бын фесты. Уымæй уæлдай ма дзы фенæн ис къогъотæ æмæ хъæндилтæ дæр. 2011 азы ацы хæдзар кæй бæрны ис, уыцы компани йæ сцалцæг кодта. Фæлæ бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уый цалцæг схонæн нæй. Адæм курынц цæмæй ацы цæрæнуат кæлæддзагыл банымайой æмæ сын ног цæрæнбынæттæ радтой. Фæлæ хæдзар кæй бæрны ис, уыцы компанийы куыд зæгъынц, афтæмæй сæм бындурон цалцæгæн хцайы фæрæзтæ нæй. Уымæн æмæ адæм коммуналон лæггæдтæ нæ фидынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще