Пъæлицæйæгтæ æрцахстой, дзулфыцæнæй æхца адавынмæ чи хъавыд, уыцы закъонхалæджы

19.04.2022
Пъæлицæйæгтæ æрцахстой, дзулфыцæнæй æхца адавынмæ чи хъавыд, уыцы закъонхалæджы. Чи сси ацы хабарæн æвдисæнтæ чи уыд, уыдон фæхабар кодтой барадхъахъæнджыты хайадмæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, цалынмæ уæйгæнæг æлхæнæгæн тæвд гуылтæ хаста, уæдмæ уый дзулфыцæны чыссæ раафтид кодта. Афтæмæй тæвд гуылтимæ æмæ ма 18 мин сомимæ йæхи иуварс айста. Уæйгæнæг æй нæ фæхъуыды кодта, цалынмæ, бæстыхайы цы видеоцæстдарæн камерæтæ ис, уыдонмæ нæ бакаст, уæдмæ. Дзулфыцæны хицæуттæ ма зæрдæ дардтой, зæгъгæ закъонхалæг йæхæдæг йæ аххосыл басæддзæн æмæ социалон хызты уыцы видеоæрмæг апарахат кодтой. Мæнæ йæ уæхæдæг дæр уынут. Фæлæ дзы куы ницы рауад, уæд хъуыддагыл бакуыстой пъæлицæйгтæ. Бынат басгæрстой æмæ æвдисæнты æрфарстой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще