Йе `сгуытдзинад рох нæу HD

06.08.2018
Æрвылаз августы фыццаг сабаты бирæ адæм æрымбырд вæййынц Дыгургомы. Ардæм æрбацæуынц Задалескы Нанайы ном ссарынмæ, æмæ йы н йе`сгуыхтдзинадæн æмбæлгæ кад скæнынæн. 14 æнусы Тимуры ныббырсты рæстæг Алайнаг сылгоймаг тугдзых æфсæдтæй бахъахъхъæдта 16 хъæбулы. Кæддæр нана сабитимæ цы хæдзары æрбынат кодта, уымæй сарæзтой кувæндон. Ис дзы музей дæр. Бæрæгбоны алырдыгæй дæр фæхъусынц куывдтытæ,сæ ахсджиагдæртæ — амонд, бинонты фарн æмæ æнæниздзинады тыххæй. Кадджын мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Хæххон хъæу Задалескы нымадæй цалдæр адæймаджы йеддæмæ нæ цæры, фæлæ дзы ныр та адæмæй къах бавæрæн дæр нæй. Августы фыццаг сабат ралæууыд, æмæ адæм сæ хæсыл банымадтой, Задалескы Нанайа ном æрымысын. Уазджытæ канд нæ республикæйы æппæт районтæй не`сты, æлæ ма дунейы æппæт къуымтæй дæр.Наниты Захар Францийы цæры,фæлæ йын æрæджы проект этнолагерь «Алайнаг фæд-2018»-ы фæлгæты гæнæн фæцис йæ фыды уæзæгмæ æрцæуын.Йæхæдæг куыд зæгъы,афтæмæй йæм тынг бирæ æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта ацы балц. Рæстæг цæуы,æмæ фарн йемæ хæссы.Задалескы нана цалдæр æнусы размæ цы хæдзары цард, уымæй сарæзтой кувæндон, ис дзы музей дæр.Мидæмæ бацæугæйæ адæймаг банкъары уæды заман цы уавæрты цардысты уый, ууыл та музейы кусджытæ бацархайдтой. Базиаты Владимир райгуырд Задалескы.Уæдæ йын ацы бынатимæ баст истори дæр æнæзонгæ нæу. Йæ чысылæй нырма йæ хъусы, æмæ йæ йæ зæрдæмæ арф айста. Задалеск хæрз чысыл хъæу у. Æрбынат кодта бæрзонд хæхты æхсæн.Зæгъæн ис æмæ ацы диссаджы хъæу æрдз йæ хъæбысы æрбакодта. Æртæккæ дæр ардæм рæсугъддзинадтæ фенынмæ чи рабалц кæна, уыдон æм хæдтулгæйыл зынтæй бафтдзысты. Фæндаг æвзæр у. Уæдæ 14 æнусы куыд уыдис, ууыл уæхæдæг ахъуыды кæнут. Фæлæ уæддæр Задалескы Нана сабитимæ фистæгæй фæцыд. æмæ уый диссаг куыд нæ у. Æрхызтысты дæлвæз Моргæмæ, уым æрбынат кодтой лæгæты, иу цасдæр фесты уым, уый фæстæ раивтой Задалескмæ.Уæдæй абонмæ ацы ран нымад у Зæдбадæныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще