Æрыгон хъæбатыртæ
"Не время для героизма". Ахæм цыбыр документалон киноныв абон равдыстой Дзæуджыхъæуы. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, йæ бакæсынмæ æрæмбырд бирæ адæм. Киноныв систа "ÆВЗОНГ Гварди". Æвдыст дзы цæуы 6 хъæбатыр-сывæллоны. Сæ уды фидардзинад æмæ куыд хъæбатырæй равдыстой сæхи алыхуызон æвæстиат цауты. Зæгъæм, 12-æс аздзыд лæппу Дзæуджыхъæуæй - Дулаты Сæрмæт йе `мбалы фервæзын кодта, доны куы ныххауд, уæд. Кинонывы хъуыды фæзынд координацион совет "Æрыгон гвардийы" сæрдармæ Денис Давыдовмæ. Йæ режиссер та у не `мзæххон Цхуырбаты Аланæ. Документалон киноныв сисыныл бахъуыд 3 къуырийы. Стæй йæ равдыстой Каннæты йы 71-æм дунеон фестиваль уыд, уым . Жюрийы уæнгтæ кинонывы мидис арф айстой. Режиссер фæнд кæны дыккаг хай дæр сисын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv