Стъæлха I Кæрдæг

19.04.2022
Цикорий иронау хонынц стъæлха æмæ йæ æз дæр афтæ хондзынæн. Ахуыргонд адæм йыл рагæй æрæвæрдтой сæ цæст. Афтæ рауадис, æмæ дзы ирон адæм уыбæрц ницы пайда кодтой, фæлæ мах нæ сыхæгты, стæй ахуыргонд адæмы зонындзинæдтæм уæддæр æркæсдзыстæм. Цикориимæ абаргæйæ, кофе тагъддæр скусы, стæй йæ ахадындзинад дæргъвæтиндæр у. Йæ бæллæх дæр уый мидæг ис, æмæ туджы æлхъывдад уайтагъд фæфылдæр вæййы, дадзинты туг рæвдздæр ауайы, зæрдæ тынгдæр скусы æмæ адæймаг йæхи рогдæрæй æнкъарын райдайы. Фæлæ кофейы куыст куы фæвæййы, кæнæ та,кæмæн нæ тайы, уый йæ куы бануазы, уæд ахæм адæймæгты уавæр бæрæг февзæрдæр вæййы. Раст ма цалдæргай хæттыты дохтырты æххуыс дæр бацагурынц. Ахæм фæстиуджытæ нæй стъæлхайæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще