Уæлахиздзаутæ

20.04.2022
Не`мзæххон спортсментæ Мæргъиты Василий æмæ Куыдзойты Эдуард систы дунеон ерысты уæлахиздзаутæ сумойæ. Турнир уыд Тайваны. 115 киллограмы уæзы хæцгæйæ, Мæргъиты Василий финалы фæуæлахиз Монголийы минæварыл. Куыдзойты Эдуард та йæхи æнтысджынæй равдыста Польшæйы спорсменимæ фембæлды. Иумæйаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ Уæрæсейы командæ бацахста дыккаг бынат. Фыццаг бынат бацахста Японийы командæ. Ныртæккæ спортсментæ сты Цæгат Ирыстоны. Сæхи цæттæ кæнынц фидæн аз Америкæйы цы дунеон чемпионат уыдзæн сумойæ, уымæ. Сæ зæрдæ дарынц, уым дæр сæхи æнтысджынæй кæй равдисдзысты, ууыл. Уæлахиздзауты тренертæ сты Токты Владислав æмæ Рæмонты Эдуард. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео