Вахтанговы номыл театрыл 2021 æм азы æххæст кæны 150 азы

18.04.2022
2021 азы Евгений Вахтанговы номыл театрыл æххæст кæны 150 азы. Юбилеймæ фæнд кæнынц егъау мадзæлттæ бацæттæ кæнын. Бæрæгбоны фæдыл Дзæуджыхъæумæ ссæудзæн Уæрæсейы театралон архайджыты цæдисы сæрдар Александр Калягин, Стыр театры генералон директор Владимир Урин, театр «У Никитских ворот» -ы аивадон разамонæг Марк Розовский æмæ Мæскуыйы Вахтанговы номыл театры хицауад. Январы театры райдайдзысты кусынц Гæздæнты Иваны фырт Гайтойы романмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Полет»-ыл. Театры аивадон разамонæг Владимир Уваровы ныхæстæм гæсгæ, уацмыс сценæйыл сæвæрынмæ 20 азæй фылдæр бæллыдысты. Болгайраг режиссер Богдан Петканин райдайдзæн Антон Чеховы пьесæ «Леший»-йыл кусын. Цæгатирыстойнаг аивадуарзджытæн режиссер сси уарзон. Программæ «Большие гастроли»-йы фæлгæты ма уырыссаг театры сфæлдыстадон къорд уыди Калининград, Белгород, Курск æмæ æндæр горæтты. Фидæны пълæнттæ егъау сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще